филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:37 понедельник, 15 декабря 2025
14 октября 2025, 11:35
Программæ «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæст кæнгæйæ, дыууæ мæйы размæ Цæгат Ирыстоны цæрæг бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодтой рæуæд

Адæмон фронты æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды минæвæрттæ уыдысты Мæздæджы районы поселок Садовыйы

Программæ «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæст кæнгæйæ, дыууæ мæйы размæ Цæгат Ирыстоны цæрæг бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодтой рæуæд.  Адæмон фронты æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды минæвæрттæ уыдысты Мæздæджы районы поселок Садовыйы. Ацы хатт бабæрæг кодтой Чумбуридзеты бинонты. Род «Марфушæ» æрмæст сæ хæдзарады иу хай не сси, фæлæ ма сæ уарзондæр цæрæгой. Организаци ныр 11 азы æххæст кæны хæрзаудæн акци. Уыцы мгъуыдмæ бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодтой 300 стуры онг. Чумбуридзетæ хъомыл кæнынц 5 сывæллоны – 4 лæппуйы æмæ иу чызджы. Ацы хатт дæр уазджытæ сывæллæттæм æрбацыдысты æхсызгон лæвæрттимæ. Бинонтæн ахæм æрхъуыдыдзинад уыд æхсызгон. Уæлдай тынгдæр лæварыл бацин кодта 5-аздзыд Сашæ. «Марфушæ» ном дæр ыл уый сæвæрдта. Æппæт сывæллæттæ дæр зæрдиагæй архайынц хæдзарон фосимæ. Уæвгæ, бирæсывæллонджын бинонтæн ахæм лæвæрттæ тынг æхсызгон вæййынц. Родыл цæуы æртæ мæйы. Йæ ног цæрæн бынатыл ацахуыр. Фидæны та, ног фæлтæр куы радта, уæд уымæй дæр баххуыс кæндзысты æндæр бирæсывæллонджын бинонтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania