Йæ хъуыдымæ гæсгæ, коммуналон къабаз уыцы нысан куыд æмбæлы, афтæ нæ сæххæст кодта
Прокуратурæ фау æрхаста, республикæйы коммуналон службæтæ мит куыд бафснайдтой, уымæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, коммуналон къабаз уыцы нысан куыд æмбæлы, афтæ нæ сæххæст кодта. Цæстдарæг ведомствæйы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй бæрæггæнæн мадзæлтты рæстæг рабæрæг, бæрнон организацитæ фæндæгтыл, куыстуæтты æмæ хæдзæртты алыварс мит афойнадыл, стæй куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ бафснайдтой, уый. Уайдзæфы аккаг ссис бынæттон хиуынаффæйады оргæнты аръайд. Прокуратурæйы хъуыдымæ гæсгæ, сæ бон не ссис раст фæткмæ гæсгæ сæвæрын коммуналон службæты куыст, стæй сын сæ архайдмæ куыд æмбæлы, афтæ цæст нæ дардтой. Уый тæссагдзинад æвзæрын кæны цæрджыты цард æмæ æнæниздзинадæн, стæй рæзын кæны травматизмы æмвæзад. Цæмæй ахæм барадхæлдтытæ мауал æруадзой, уый тыххæй районты прокурортæ æххæстбарджын æмæ бæрнон адæймæгты номыл рахастой амынддзинæдтæ. Уымæй уæлдай республикæйы прокуратурæ рахаста 49 бардзырды, цæмæй барадхæлдтытæ аиуварс кæной, уый тыххæй. Сарæзтой 25 административон протоколы — хъусын кæны прокуратурæйы пресс-службæ.




