филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:16 воскресенье, 01 июня 2025
25 апреля 2025, 10:41
Прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, аргъæутты автор Джыккайты Беллæйы сфæлдыстадон изæр арæзт æрцыд горæты центрон библиотекæйы

Беллæ у Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисты уæнг, Джусойты Нафийы номыл литературон премийы лауреат

Прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, аргъæутты автор Джыккайты Беллæйы сфæлдыстадон изæр арæзт æрцыд горæты центрон библиотекæйы. Беллæ у Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисты уæнг, Джусойты Нафийы номыл литературон премийы лауреат. Йе сфæлдыстадон курдиат нырма сывæллонæй раргом, фæлæ йæ фыццаг аргъау мыхуыры рацыд 2013-æм азы. Абоны онг ын рацыд 13 чиныджы. Джыккайты Беллæ йæ уацмыстæ фыссы ирон æвзагыл æмæ сæ йæхæдæг тæлмац кæны уырыссагмæ. Сæрмагонд æргом здахы национ тематикæмæ. Мадзалмæ æрбамбырд сты сфæлдыстадон æмæ наукон интеллигенцийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, скъоладзаутæ. Ацы изæр Джыккайты Беллæйæн у фыццаг фембæлд йе сфæлдыстадуарзджытимæ Дзæуджыхъæуы. Куыд загъта, афтæмæй йын ацы хъуыддаг ахсджиаг у, æмæ раарфæ кодта горæты центрон библиотекæйы кусджытæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania