филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:25 среда, 17 декабря 2025
15 июля 2024, 12:05
Пункт «Уæллаг Ларс»-ы уылты фæндаггон змæлды фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, транзитон транспорт кæй æмбырд кæны, уый аххосæй Цæгат Ирыстоны арæнтыл раздæрау ис уæлдай цæттæдзинады фæтк

Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уылты фæндаггон змæлды фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, транзитон транспорт кæй æмбырд кæны, уый аххосæй Цæгат Ирыстоны арæнтыл раздæрау ис уæлдай цæттæдзинады фæтк. Амæй размæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ пресс-конференцийы рæстæг бахаста фæндон, уæзласæн машинæтæн Уæллаг Ларсы пунктмæ рагагъоммæйы ныффысты фæтк аивын æмæ фæстæмæ раздæхын электрон хуызы радмæ. Æмбырды æрныхас кодтой сæвзæрд уавæр сраст кæныны мадзæлттыл. Премьер-министр бахæс кодта, цы ахадгæ мадзæлттыл æрдзырдтой, уыдоныл хæстæгдæр бакусын æмæ сæ царды рауадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania