Сабитæн сæ уарзондæр хъæзтытæй иу у футбол
Пушкинскийы уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты цы сывæллæттæ цæрынц, уыдонæн нæй хъазæн фæз. Сабитæн сæ уарзондæр хъæзтытæй иу у футбол. Уымæ гæсгæ пуртийæ фæхъазынц, машинæтæ цы фæндагыл фæцæуынц, уым. Сывæллæттæн хъæугæ фадæттæ арæзт цæуыннæ ис, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Ацы спортивон фæз раивта машинæты бынатыл. Цæлхытæ та ныннай кодтой кæрдæг. Остъаты Любовь 20 азы дæргъы тох кæны, цæмæй та ацы фæзы ногæй сывæллæттæн уа хъазыны фадат. Цæмæй фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй курдиæттæ фыста алы бæрнон ведомствæтæм.
Спортивон фæз арæзт уыд 6 бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрæг сывæллæттæн. Фæлæ сæ ныр машинæтæ кæй хъыгдарынц, уый тыххæй сæхицæн агурынц æндæр хъазæн бынæттæ. Фылдæр хатт уыцы бынат вæййы, машинæтæ цы фæндагыл цæуынц, уый.
Уæдæ хъазæн фæзмæ базилын адæмæн сæхи бон дæр нæу. Куыстытæм бавналæн ис, æрмæстдæр йæ бакомкоммæ цы æмдзæрæн ис, уый куы райхалой, уæд. Уымæн æмæ ис аварион уавæры. Сывæллæтты фæзы дæр сæ машинæтæ уыцы æмдзæрæны цæрджытæ ныууадзынц.
Фарстамæ æркастысты бынæттон администрацийы минæвæрттæ. Хæстæгдæр рæстæг æм æркæсдзæн сæрмагонд къамис дæр.
Цалынмæ хистæртæ архайынц фарста алыг кæныныл, уæдмæ кæстæртæ дæр сæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафынц. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы ног цалцæггонд фæзы кæй хъаздзысты, ууыл.




