филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:27 среда, 08 мая 2024
15 апреля 2014, 11:13
Пъырыстыфтæ æрдзырдтой, æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы сывæллæтæн алименттæ фидыныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл

Уæрæсейы Федерацийы тæрхондæтты пъырыстъыфты управленийы Цæгатирыстойнаг хайады æрдзырдтой, æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы сывæллæтæн алименттæ фидыны, стæй

Пъырыстыфтæ æрдзырдтой, æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы сывæллæтæн алименттæ фидыныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл
Уæрæсейы Федерацийы тæрхондæтты пъырыстъыфты управленийы Цæгатирыстойнаг хайады æрдзырдтой, æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы сывæллæтæн алименттæ фидыны, стæй сидзæртæн цæрæнуæттæ радтыны фарстатыл. Ныхас ма цыд, бирæ хæстæ чи дары, уыцы куыстуаттæй мызд бадомыныл. Æмбырды архайдтой горæты администрацийы, фæллой æмæ социалон рæзты министрады минæвæрттæ, прокурæтурæйы куысджытæ æмæ рæвдауæндæтты сæргълæуджытæ.

Федералон тæрхондæтты пъырыстъыфты Цæгатирыстойнаг управленийы хицау Гæцойты Светланæ куыд фехъуысын кодта, афтæмæй фæстаг азты сидзæр сывæллæтты хæдзæрдты чи схъомыл, уыдонæй 30 адæмагæн радтой цæрæнуæттæ. 70-йæ та æнхъæлмæ кæсынц, тæрхондоны уынаффæ æххæстгонд кæд æрцæудзæн, уымæ. Фæкъаддæр алименттæ фидын кæй нæ фæнды, уыцы адæмы нымæц дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania