филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:03 суббота, 21 сентября 2024
29 июля 2014, 17:14
Пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хатдзæгтæ скодтой ацы азы 6 мæйы куыстæн

Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты Уæрæсейы хуыздæр службæты хсæн. Хорз бакуыстой банкроттыл нымад чи у, уыцы куыстуæттимæ. Сты 9. Сæ фылдæр хæс дарынц артаг æмæ энергидæттæг компанитæй. Æппæтæй фылдæр хæстæ дарынц компанитæ «Севкавказэнерго», «Ярос», «Металлист» æмæ «Бæслæны маисон комбинат». Бюджет фæхъæздыгдæр кодтой 293 млн 193 мин сомы.

73542
Пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хатдзæгтæ скодтой ацы азы 6 мæйы куыстæн. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты Уæрæсейы хуыздæр службæты хсæн. Хорз бакуыстой банкроттыл нымад чи у, уыцы куыстуæттимæ. Сты 9. Сæ фылдæр хæс дарынц артаг æмæ энергидæттæг компанитæй. Æппæтæй фылдæр хæстæ дарынц компанитæ «Севкавказэнерго», «Ярос», «Металлист» æмæ «Бæслæны маисон комбинат». Бюджет фæхъæздыгдæр кодтой 293 млн 193 мин сомы. 
Стыр куыст бакодтой карз нозт æнæзакъонæй чи уадзы, уыдонимæ дæр. Цæгат Кавказы федералон зылды карз нозтмæ цæстдарæг æмæ йæ бæрæггæнæг управлениимæ æмгуыстады бадзырдтæ кæй бафыстой, уый дæр хуыздæрырдæм фæзынд сæ куыстыл. Ныртæккæ цæгатирыстойнаг пъырыстыфтæ цалдæр азмæ куыстуат «Росспиртпром»-æй кæй байстой, уыцы æнæзакон продукци дæттынц Цæгат Кавказы управленимæ.
Уымæй уæлдай кусынц йæ сывæллæтты чи ныууагъта æмæ сын алименттæ чи нæ фиды, уыдонимæ. Ацы аз сыл байгом кодтой 125 уголовон хъуыддаджы.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania