филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:45 вторник, 16 декабря 2025
26 октября 2012, 14:13
Пысылмон диныл хæст адæмæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз

Хъуырман-Байрамы фæдыл пысылмон диныл хæст адæмæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Йæ арфæйы зæгъы:

Хъуырман-Байрамы фæдыл пысылмон диныл хæст адæмæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Йæ арфæйы зæгъы:

«Хъуырман-Байрам у пысылмон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Æнусты
дæргъы æвдисы миддунейы сыгъдæгдæр æнкъарæнтæ. Уырнæг адæм кæнынц
хæларзæрдæ æмæ æууæнкджындæр. Мах хъуамæ архайæм алы динты æмæ
адæмыхæттыты минæвæртты ахастдзинæдтæ æнгомдæр кæныныл. Стæй экстремизмы
ныхмæ тох кæныныл. Уæдæ фæкæсынхъуаг адæмæн æххуыс та фадат дæтты
пысылмон дины ахадындзинад фидардæр кæнынæн. Ацы бонты уырнæг адæм,
Дунесфæлдисæгмæ кувгæйæ, нæ Ирыстонæн курынц сабырдзинад, фарн æмæ
амонд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania