филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 суббота, 28 сентября 2024
04 июня 2019, 12:25
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам

Ацы бон фæвæййы цытджын комдарæны мæй Рамадан. Ураза-Байрам у сыгъдæг уды бæрæгбон.

Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам. Ацы бон фæвæййы цытджын комдарæны мæй Рамадан. Ураза-Байрам у сыгъдæг уды бæрæгбон. Адæм кæрæдзимæ цæуынц уазæгуаты, æвæрынц бæркадджын фынгтæ. Æгъдаумæ гæсгæ æххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг бинонтæн дæр.Райдыдта пысылмон диныл хæст адæмы æппæты кадджындæр бæрæгбон – Ураза Байрам.Уырнæг адæм ком дардтой 30 боны. Дины нысанмæ гæсгæ, йæ мидис æрмæст уый нæу, æмæ адæм нæ хæрынц, фæлæ æппæты фыццаг, йæ фæрцы сыгъдæгдæр кæнынц сæ миддуне, се нкъарæнтæ, сæ хъуыдытæ. Сæ царды кæд исты тæригъæдты бацыдысты, искæй дзæгъæлы бафхæрдтой – æппæт уыцы хъуыддæгты тыххæй хатыртæ курынц. Уымæй уæлдай ма комдарæг адæм бамбарынц, дунейы стонг æмæ мæгуыр чи у, уыдоны хъизæмæрттæ.Дины домæнтæм гæсгæ, ацы боныл алчидæр хъуамæ сæмбæла сыгъдæг зæрдæйæ æмæ рæсугъд хъуыдытимæ. Хатыртæ ракурой Дуне сфæлдисæгæй æмæ дзы курой адæмæн хуыздæр цард. Бæрæгбоны ламазы размæ иууылдæр мæзджытмæ æрбацæуынц сæ кувинæгтимæ, сæвæрынц сыгъдæггæнæн мысайнаг. Цы фæрæзтæ сæмбырд вæййынц, уыдонæй та уый фæстæ баххуыс кæнынц, фæкæсынхъуаг чи у, уыдонæн. Ураза Байрам фæбæрæг кæнынц æртæ боны. Уыцы рæстæг адæм кæрæдзимæ цæуынц уазæгуаты, бæрæг кæнынц рынчынты æмæ сидзæрты, æххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг адæмæн. Пысылмон диныл хæст адæм куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæгбоны домæнтæ не ‘ххæст кæнынц, фæлæ сæ дины цæджынцтæ. Уразайы фæдыл уырнæг адæмæн раарфæ кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Йæ зæрдæ сын загъта сабырдзинад, фарн æмæ амонд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania