07 февраля 2013, 11:13
Рæстæг хъарм кæй хæссы, уый тыхсын кæны хъæууон хæдзарады кусджыты
«Тæссаг у, бæлæстæ къуыбар куы рафтауой, уый фæстæ куы фæуазал уа æмæ сæ куы фесафа, уымæй», зæгъынц дыргъдæтты кусджытæ.
«Тæссаг у, бæлæстæ къуыбар куы рафтауой, уый фæстæ куы фæуазал уа æмæ сæ куы фесафа, уымæй», зæгъынц дыргъдæтты кусджытæ. Æнæмæт не сты, фæззыгæндтæ чи байтыдта, уыцы зæхкусджытæ дæр. Хъарм кæй у, стæй мит фаг кæй не руарыд уый аххосæй тæссаг у зианхæссæг зулчъытæ æмæ зайæгойтæй. Уалдзæджы бахъæудзæн хуымтæ гербицидтæ æмæ æндæр хъацæнтæй бапырх кæнын, æмæ уæд се *фтиæгтæй сæ хæрдзтæ фæфылдæр уыдзысты. Хъæууон хæдзарады специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ размæ бирæ цæлхдуртæ лæууы. Уый аххосæй фæззыгæндтæ байтыдтой æрмæстдæр 28 мин гектары æмæ сæ ныр хъæуы бахъахъхъæнын.
темæмæ гæсгæ




