филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:35 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 15:30
Радио «Алани»-йы кусджытæ стыр æхсызгондзинад æрхастой Дзæуджыхъæуы цæрджытæн

Радио «Алани»-йы кусджытæ стыр æхсызгондзинад æрхастой Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Абон сарæзтой хорз хъуыддæгты æмæ хæлардзинады акци.

Горæты уынгтæм бæхуæрдоны рацæугæйæ

Радио «Алани»-йы кусджытæ стыр
æхсызгондзинад æрхастой Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Абон сарæзтой хорз
хъуыддæгты æмæ хæлардзинады акци.

Горæты уынгтæм бæхуæрдоны рацæугæйæ,
æмбырд кодтой Джеоргуыбайы арфæтæ. Бæрæгбоны фæдыл йæ хъуыдытæ комкоммæ
эфиры зæгъыны фадат фæци алкæмæн дæр. Бæхуæрдон бахæццæ терчыбылмæ, æмæ
æрлæууыд Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цур. Ам арæзт æрцыд бæрæгбоны концерт.
Сæ хуыздæр зарджытæ дзы акодтой нæ республикæйы зындгонд артисттæ.
Радиойы амонджытæ та горæты цæрджыты рахуыдтой ирон хъазтмæ.

Лалыты Хъазыбег, радио «Алани»-йы
амонæг: «Бæрæгбоны фæдыл арфæ кæнын Ирыстоны цæрджытæн се ппæтæн дæр.
Уастырджи ахæм арфæ ракæнæд, цæмæй бæллæх макуы уал æрцæуа Ирыстоны
зæххыл. Ацы акци расидт телерадиокомпани «Алани» уый тыххæй, æмæ
фыццаджыдæр фæсивæд, стæй ирон хæдзæртты цы ферох кодтой, уыдон фæстæмæ
æрыздæхой, æрхъуыды кæной, бæрæгбон раст куыд кæнгæ у, уый. Абон
артисттæ нæ фарсмæ æрбалæууыдысты, бирæ компанитæ, адæм – стыр бузныг
сын. Фæнды нæ, цæмæй ныл ацы бæрæгбон алы аз дæр рæсугъдæй-рæсугъддæр
æмбæла».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania