филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:37 воскресенье, 01 февраля 2026
03 июля 2023, 12:11
Радио «Аланимæ» амæй фæстæмæ уыдзæнис байхъусæн Яндекс.Музыкæйы

Цæмæй зындгонд сервисы уæ уарзон зарджытæ фехъусат, уый тыххæй спайда кæнут сæрмагонд сайтæй, науæд та программæйæ

Радио «Аланимæ» амæй фæстæмæ уыдзæнис байхъусæн Яндекс.Музыкæйы. Цæмæй зындгонд сервисы уæ уарзон зарджытæ фехъусат, уый тыххæй спайда кæнут сæрмагонд сайтæй, науæд та программæйæ. Кæнæ та уæ бон у хæслæвæрд радтын хъæлæсæй æххуысгæнæг Алисæйæн, цæмæй баиу кæна Радио «Алани». Республикæйы фæстаг хабæрттæ, аналитикон æрмæджытæ, музыкалон æмæ рухстауæн радиобакастытæм уырыссаг æмæ ирон æвзагыл уæ бон у раздæрау байхъусын радио «Аланийы» уылæнтыл сæдæ фондз æмæ цыппар фм-ы, науæд та сæрмагонд программæ Радио «Аланийы», кæцы ис сæвæрæн смартфонты. Комкоммæ эфиртæ æмæ радиобакастытæм уæ бон у байхъусын паддзахадон телерадиокомпани «Аланийы» сайты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania