филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:22 воскресенье, 23 июня 2024
14 июня 2024, 13:13
Радио «ФМ Алани»-йы цæуы хæрзаудæн марафон «Аланийы зæрдæ»

Йæ нысан у 4 аздзыд Хъыбызты Дзерассæйæн баххуыс кæнын

Абон радио «ФМ Алани»-йы тæккæ райсомæй райдыдта хæрзаудæн марафон «Аланийы зæрдæ». Йæ нысан у 4 аздзыд Хъыбызты Дзерассæйæн баххуыс кæнын. Гыццыл чызгæн хъыгдард сты йæ хъустæ, æмæ уый тыххæй æвзæр хъусы. Фæлæ йын сдзæбæх кæныны фадат ис. Ныфс ын дæттынц профилон клиниктæтæй иуы дохтыртæ. Уыдон цæттæ сты июны кæрон операци скæнынмæ. Йæ аргъ у 18 милуан сомы. Ныридæгæн сæмбырд кодтой 13 милуаны. Марафонмæ хъусæн уыдзæн æнæхъæн бон 104, 5 ФМ-ы уылæны. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

4-аздзыд Дзерассæ æнæмæтæй æрвиты йæ сæрдыгон бонтæ. Йæ ныййарджытæн та сæ зæрдæтæ сты æрхæндæг. Дзерассæ райгуырди æнæ иу хъусæй. Æмæ уый аххосæй æвзæр хъусы.

Дунейы цы хабæрттæ цæуы, уымæ гæсгæ фæсарæнтæм ацæуын æнцон нæу. Бинонты разы æрбаллæуыдысты фонд «Добро народу»-йы кусджытæ. Фонд пациенттæн фæкæны барадон æххуыс.

Операцийы дыууæ къæпхæны аргъ у 18 милуан сомы. 13 дзы æрæмбырд кодтой адæм. ПТРК «Алани»-йы радиойы кусджытæ дæр иуварс нæ баззадысты. Абон, 14-æм июны райсомæй райдыдта марафон «Аланийы зæрдæ». Уый руаджы иу æмæ дыууæ хатты не *рцыдысты æмбырдгонд æхцайы фæрæзтæ медицинон æххуысхъуаг адæмæн. Ныр æмбырдгонд æхцатæ лæвæрд æрцæудзысты Хъыбызты бинонтæн.

Дзерассæйæн йæ низ нырма у райдиан къæпхæны. Дохтыртæ йæ сдзæбæх кæндзысты. Фæлæ фæстиатгæнæн нал ис. Хирургтæ зæрдæ æвæрынц операцийы фыццаг къæпхæн хорз кæй ацæудзæн, уымæй. Дыккаг та фæнд кæнынц ноябры скæнын. 11-æм июльмæ бирæ рæстæг нал ис.

Æрмæстдæр иумæ махæн нæ бон у баххуыс кæнын Дзерассæйæн, цæмæй иннæ сывæллæтты хуызæн æнизæй рæза, æмæ царды æппæт хæрзтæй дæр хайджын уа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania