филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
20 февраля 2026, 11:09
Радио «FM Алания»-йы арæзт æрцыд марафон

Баст уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы Бонимæ

Алцыдæр Уæлахизæн. Радио «FM Алания»-йы арæзт æрцыд марафон. Баст уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы Бонимæ. Æнæхъæн бон радиойы амонджытæм уазæгуаты цыдысты Адæмон фронты, алыхуызон куыстуæтты æмæ ведомствоты минæвæрттæ, культурæйы архайджытæ, волонтертæ, дины кусджытæ, скъоладзаутæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ радиомарафоны сæйраг нысан уыд Адæмон фронты проектæн баххуыс кæнын. Арæзт æрцыд 4-æм хатт. Гуманитарон æххуыс æмбырд кæнынц куыд æфсæддонтæн, афтæ хуымæтæг цæрджытæн дæр. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ ФМ уылæнтыл традицион радиомарафон «Алцыдæр уæлахизæн!». Райсомы 10 сахатæй эфиры дæсгай уазджытæ – сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй фронтæн чи æххуыс кæны, уыдон. 4-æм аз иумæйаг хъуыддагыл фæллой кæнынц Адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ. Фарон арвыстой гуманитарон æххуыс 300 тоннæйæ фылдæр æмæ 25 автомобилы. 18 милуан сомæн балхæдтой сæрмагонд техникæ.

Марафоны – сывæллæтты æмдзæвгæтæ, музыкалон композицитæ, радиохъусджыты арфæтæ æмæ хуынд уазджыты историтæ. Се *хсæн æхсæнад «Согрей солдата»-йы аразæг æмæ организаци «Золотые руки ангела»-йы регионалон хайады разамонæг Людмила ХрабрЫх. Йæ разамындæй цæттæ кæнынц, фронты фыццаг цы дзаумæттæ хъæуы, ахæмтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй радиомарафоны архайд ма у иу гæнæн, иумæйаг хъуыддагмæ фылдæр адæмы æргом раздахынæн.

Адæмон фронты проект «Алцыдæр уæлахизæн!»-ы æххуысæн радиомарафон ныр цæппæрæм хатт арæзт æрцыд. Гуманитарон æххуыс æмбырд кæнынц, куыд хæстонтæн, афтæ бынæттон цæрджытæн дæр. Егъау акцимæ азæй-азмæ фылдæр адæм хæссынц се вæрæн.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, эфиры рæстæг бантыст 1 милуан сомæй фылдæр æрæмбырд кæнын. Уыцы фæрæзтæй балхæндзысты фронтмæ хъæугæ дзаумæттæ æмæ сæ фæхæццæ кæндзысты сæрмагонд операцийы зонæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania