филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:11 суббота, 28 сентября 2024
13 февраля 2020, 12:15
Радон арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны ветеранты хæдзары

Фæлтæрты фембæлдмæ хуынд æрцыдысты Æрæфы районы Лескены хъæуы скъолайы ахуырдзаутæ

Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр цæуынц Уæлахизы 75 азы кадæн мадзæлттæ. Радон арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны ветеранты хæдзары. Фæлтæрты фембæлдмæ хуынд æрцыдысты Æрæфы районы Лескены хъæуы скъолайы ахуырдзаутæ.

Ацы лæппутæ æмæ чызджытæ Дзæуджыхъæумæ æрбацыдысты Лескенæй. Сæ балц ракодтой районты номарæн бынæттыл. Бабæрæг кодтой, Лескенæй Дзæуджыхъæумæ фæндагыл цы хъæутæ æмæ горæттæ ис, уыдоны мысæн бынæттæ. Фенд хъуыддæгтæ, æнæмæнг, сæ зæрдæтыл бирæ азты дардзысты.

Нæ абоны рухс, райдзаст цардмæ фæндаг куыдæй агуырдтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг сахъгуырдтæ,   уый тыххæй та сын радзырдтой Дзæуджыхъæуы ветеранты хæдзары.  94 аздзыд хæсты ветерантæ Гулуты Хизир æмæ 95 аздзыд  Пагæты Алыксандр, æфсæддон службæйы ветеран Гецаты Валерий.  Скъоладзауты базонгæ кодтой сæ хæстон фæндæгтимæ дæр. 

Лескены хъæуы минæврттæн  фадат уыд сæ кадджын хистæртæм фарстатæ радтынæн. Хæсты архайджытæ се ппæтæн дæр зæрдиагæй радтой дзуæппытæ.

Сывæллæттæ байхъуыстой æмæ сæ зæрдæмæ хæстæг райстой æппæт мысинæгтæ дæр.

Мадзалы кæронбæттæны Лескены скъолайы минæвæрттæн, ветеранты советы номæй радтой  Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цауты тыххæй фыст чингуытæ. Скъоладзаутæ та акодтой хæстон зарджытæ æмæ ветерантæн балæвар кодтой дидинджытæ.

Лæппутæ æмæ чызджытимæ Æрæфы районæй æрбацыдысты сæ ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы директор, стæй районы ветеранты Советы сæрдар Бетрозты Майрæн. Уыдоны ныхæстæм гæсгæ ацы фембæлд у радон мадзал, Уæлахизы 75 азы кадæн мадзæлттæ саразыны программæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania