филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
22 февраля 2024, 11:08
Радон гуманитарон акци расидтысты Алагиры районы цæрджытæ

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытыл сæмбæлдзæн 23-æм февралы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны

Ахадгæ æххуыс-бæрæгбонмæ. Радон гуманитарон акци расидтысты Алагиры районы цæрджытæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытыл сæмбæлдзæн 23-æм февралы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны. Не мзæххонтæн арвыстой хойраджы продукттæ, санитарон фæрæзтæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, хъарм арфæйы фыстæджытæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Иууылдæр иумæ… Алагиры районы цæрджытæ радон хатт равдыстой сæ зæрдæйы ахаст, æмæ сфæнд кодтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæнын. Дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ кадеттæ радон хатт сæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс, ныффыстой арфæйы фыстæджытæ, цæмæй сæ фæхæццæ кæной нæ хъæбатыр хæстонтæм.

Хæрзаудæн куысты архайынц æхсæнадон змæлд «Движение первых»-ы регионалон хайады уæнгтæ. Уымæй дарддæр ма йæм здахынц профессионалон училищæты ахуырдзауты ргом дæр. Се ппæт дæр æмбырд кæнынц хойраджы продукттæ, акъоппыты цырæгътæ, санитарон фæрæзтæ.

Алагиры районы сылгоймæгты совет, епархийы минæвæрттæ, æмæ æндæр алыхуызон организацитæ. Ацы арфæйаг хъуыддагмæ йе ххуысы къух бахæссын сæ хæсыл бирæтæ нымайынц. Районы сылгоймæгты советы сæрдары хæдивæг Дзарасаты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн арвыстой 50 тоннæйæ фылдæр гуманитарон æххуыс. Йæхи фырт дæр уырдæм ацыд бархионæй.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Алагиры район хæрзаудæн куыст кæнын æвæстиатæй райдыдта. Ома, куыддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, афтæ. Æмæ ныр дæр æрлæууынмæ нæ хъавынц, зæгъы районы сæргълæууæг Дзантиаты Ислам.

Ахадгæ æххуыс уæлдай ахсджиаг у бæрæгбоны агъоммæ. Гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытыл сæмбæлдзæн 23-æм февралы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania