филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:41 воскресенье, 01 февраля 2026
05 октября 2023, 11:38
Радон хæрзаудæн мадзал арæзт æрцыд Хæзныдоны спортивон дзæбæхгæнæн  комплекс-йы

Уым цы аив бынат ис, уырдæм æрбахуыдтой хъæуы хистæр кары цæрджыты

Афтæ фæзæгъынц, æрхъуыдыдзинадæй адæймаджы уд фидардæр кæны. Афтæ кæй у, уымæн бæгуыдæр, бирæ вдисæнтæ ис. Радон хæрзаудæн мадзал арæзт æрцыд Хæзныдоны спортивон дзæбæхгæнæн  комплекс-йы. Уым цы аив бынат ис, уырдæм æрбахуыдтой хъæуы хистæр кары цæрджыты. Уæвгæ нæ, мадзалы цыдимæ, бæстондæр базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Хистæрæн кад скæнын, йæ зæрдæ йын барухс кæнын æрхъуыдыдзинадæй, уымæ бæллы алы ацæргæ кары удгоймаг дæр. Уый æмбаргæйæ сын Хæзныдоны хъæуы кæстæрты бафæндыд  сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын, саразын сын зæрдиаг фембæлд – æмгæртты фембæлд.    Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты 75 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы адæм, стæй хъæуы райрæзтмæ æвæрæн чи хæссы, уыдоны минæвæрттæ. Æрæфы районы Стыр Ныхасы сæрдар Хуасдзауты Тазрет та , фысымтыл сæмбæлд арфæйы гæххæттытимæ. Ныхасы номæй гады гæххæттытæ радта Хæзныдоны кадджындæр цæрджытæй иу Чибиты Олегæн, хæрзаудæн куыстыл æнувыд чи у, уыцы Уаниты Юрийæн, стæй маддæлон æвзаджы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыцы Гегкиты Зойæйæн

Хæзныдоны хъæуæй рацæуæг Гегкиты Зойæ, кæд фæсарæнты цæры, уæддæр ацы мадзалмæ æрбацæуынмæ нæ фæзивæг кодта. Фæндыди йæ дæсгай азтæ цы зæрдæхæлар адæмы нæ федта, уыдонимæ фембæлын.

Мадзалмæ æрбацæуджытæн арфæтæ ракодта, ацы хистæртæ кæй сабибонтæ хъуыды кæнынц  уыцы Чибиты Олег.

Мадзал аразджыты сæйраг нысан уыд, уазджыты хъарм уды æнкъарæнтæй фæхайджын кæнын, сæ фембæлд сын зæрдæмæдзæугæ æмæ райдзаст скæнын. Хæзныдоны скъолайы ахуырдзаутæ сын бакастысты æмдзæвгæтæ хистæр кары æдæмимæ баст темæйыл. Стæй ма сын бацæттæ кодтой цыбыр сценкæ.

Уæлдай зæрдиагдæрæй Нанатæ бацархайдтой викторинæйы. Алчидæр дзы хъуамæ дзуапп радтаид амонæг Гегкиты Жаннæйы фарстайæн.

Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ ацы фæрнджын сылгоймæгтæй бирæтæ æдтæмæ кæй нал цæуынц, сæ хæдзары уæнгтæй уæлдай кæй никæй уынынц. Уымæ гæсгæ сын фембæлд уыд стыр лæварау. Æрымысыдысты се рыгоны бонтæ, кæрæдзийыл фæцин кодтой.

Алы сылгоймаг дæр дзы кады аккаг у. Сæ алкæцыйы цардвæндаг дæр у баст фыдыбæстйы Стыр хæсты фæстæ уæззау азтимæ.

Мадзал аразджытæ нæ ферох кодтой бирæ азты Хæзныдоны чи фæллой кодта, фæлæ абон та йæ царды бынат чи баивта, уыдоны. Чегемы Заретæ æнусы æрдæгмæ æртын азæй фылдæр фæкуыста Хæзныдоны посты хайады сæргълæууæгæй, æмæ куыд зæгъы, афтæмæй хуынды гæххæттыл сæмбæлд зæрдиагæй.

Хæзныдоны хъæу зæындгонд у йæ рæдау, хæрзаудæн куыст кæнджытæй. Ацы хатт дæр та мадзал саразынмæ, хæистæрты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынмæ æвæрæн чи бахаста уыдоны номхыгъд баххæст кодтой Уаниты Юрий æмæ Дæмбæгты Риммæ, Гегкиты Зоя æмæ Сосранты Роксанæ. Фембæлды архайджыты цæстæнгасмæ кæсгæгæ зæгъын æмбæлы йæ саразджыты бæллиц кæй сæххæст  –  се ппæты зæрдæтæ дæр дзаг уыдзысты райдзаст æнкъарнæтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania