Актер æмæ режиссер Битарты Алыксандр цæттæ кæны Илас Æрнигоны радзырдмæ гæсгæ ног спектакль «Челе»
Радон премьерæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сценæйы. Актер æмæ режиссер Битарты Алыксандр цæттæ кæны Илас Æрнигоны радзырдмæ гæсгæ ног спектакль «Челе». Дзурæг у адæймаджы цардвæндагыл. Уый йе рвылбоны фæллойы руаджы сæмбырд кодта бирæ исбон. Фæлæ йæ царды кæрон дæр йæ бирæ фæллæйттæ йæхи хъæуынц, никæмæн дзы хай кæнынмæ хъавы. Бинонты карз æмæ æнæнцой хистæр хъизæмарæй мары йæ бинонты уæнгты. Æппыæдзухдæр сæ кусын кæны. Кæд сæ искæмæн йæ бон нæу, уæддæр. Философон темæ, æмæ уыимæ ныхмæлæуддзинад стæй юморимæ фыст. Режиссер Битарты Алыксандр поэмæйы жанр схуыдта трагикомеди. Йæ ныхæстæм гæсгæ, спектаклы фæстæ театрдзаутæ, æнæмæнг, бирæ цæуылдæрты ахъуыды кæндзысты. Премьерæ сбастой театры æппæтадæмон бонимæ.




