24 января 2023, 11:22
Радон рейды рацыдысты «Газпром»-ы æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ
Мониторинг скодтой хи хæдзæртты газы кусæнгæрзтæн
Радон рейды рацыдысты «Газпром»-ы æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Мониторинг скодтой хи хæдзæртты газы кусæнгæрзтæн. Ацы хатт бæрæггæнæн куыст цыди Грузинскийы уынджы. Специалисттæ аргъ скодтой хи хæдзæртты газы ифтонггæрзтæн. Уымæй дарддæр æркастысты сертификаттæм, стæй фæздæгдзæуæнтæм æмæ вентиляцион хæтæлтæм. Æппæт аипдзинæдтыл æвæстиатæй бакуыстой. Уымæй дарддæр ма специалисттæ цæрджытимæ кодтой профилактикон ныхас. Уæрæсейы Хицауады 2008-æм азы уагæвæрдмæ гæсгæ, газы кусæнгрæзты уавæрмæ хъуамæ бæстон цæстдард цæуа абонентты рдыгæй. Хъыгагæн, арæх адæм спайда кæнынц, квалификаци кæмæ нæй, ахæм мастерты лæггæдтæй, æмæ уый бирæ хæттыты расайы фыдбылызтæм.
темæмæ гæсгæ




