филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 суббота, 06 июля 2024
30 марта 2022, 11:49
Рæстæг цæуы, лыггæнинаг фарстатæ та сæ бынатæй не змæлынц

Афæдзы размæ Абайты Васойы уынджы бирæфатерон хæдзары цæрджытæ сæ хъаст æрбахастой нæ редакцимæ

Рæстæг цæуы, лыггæнинаг фарстатæ та сæ бынатæй не змæлынц. Афæдзы размæ Абайты Васойы уынджы бирæфатерон хæдзары цæрджытæ сæ хъаст æрбахастой нæ редакцимæ. Тыхсын сæ кодта сæ хадзары сæры уавæр. Уæд разамынддæттæг компани зæрдæ бавæрдта хъуыддаг аивынæй. Бæстыхайы бакодтой цалцæггæнæн куыстытæ, фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзары сæрæй, раздæрау, тæдзы, къултæ та сты уымæл æмæ хъуына. Цы у сæвзæрд уавæры аххосаг, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Мит тайы, уыимæ та иумæ Абайты Васойы уынджы бирæфатерон хæдзары бетонæй конд къæйдуртæ. Бæстыхай арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 70-йæм азты. Уæллаг уæладзгуыты цæрын афæдзæй-афæдзмæ сси зындæр. Суанг ма йæ разы тезгъо кæнын дæр æдас хъуыддаг нæу. Иуæй-иу подъездты цалдæр уæладзыджы рудзгуытæ сты пырх, электрон тыхдæттæг телтæ æмæ хæтæлтæ сты ивинаг. Хæдзары цæрджытæ сæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой бæрнон куыстуæттæм æмæ сæ разамынддæттæг компанимæ.

Ацы хæдзары цæрджыты лыггæнинаг фарстаты тыххæй ма дзырдтам фарон дæр. Уæд фæндзæм уæладзыджы алы фатеры царæй дæр тагъди. Хæдзæртты управленийы тыхтæй цалцæггæнæн куыстытæ конд æрцыдысты октябры. Фæлæ ма уæддæр иу фатеры царæй дон фæтæдзы.

Хъуына, уымæл æмæ æппынæдзух тæдзынджытæ. Мария Кузнецовайы фатеры иу хайы бирæ нæ бафæстиат уыдзынæ.

Дыккаг хатт куыстытæ конд не рцыдысты. Хæдзæртты управлени «Коммунальные услуги»-йы директор Царахаты Зинаидæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы хæдзары лыггæнинаг фарстаты тыххæй хорз зоны. Уыимæ цæрджытæ дарынц хæс техникон лæггæдтæн, кæд æмæ иуæй-иу куыстытæ конд æрцæуынц, уæддæр.  

Цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинадмæ бæстон фæкæсынц хæдзæрттæн разамынддæттæг компанитæ стæй паддзахадон цæрæнуæтты æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæйы специалисттæ. Бюджеты дефицитмæ гæсгæ разамынддæттæг компанитæ равзарынц, лицензи кæмæ ис, ахæм арæзтадон фирмæтæ нæ, фæлæ хицæн специалистты. Æмæ уыдон дзуапп фæдæттынц куыстыты хæрзхъæддзинадæн.

Специалисттæ ма зæгъынц, æппæт цалцæггæнæн куыстытæн кæнæн кæй ис уазал рæстæг дæр. Чи зоны, æмæ хæдзары сæримæ фарстатæ баст сты æндæр хъуыддагимæ. Бæлвырддæр та – арæзтадон æрмæг раст технологимæ гæсгæ æвæрд кæй не рцыд, уыимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania