филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
17 марта 2021, 13:36
Рæвдауæнлдонмæ цæуыны тыххæй ныййарджытæ цы фиддонтæ фидынц, уый нымæц ацы аз нæ аивдзæн, æмæ уыдзæни 1279 сомы

Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина

Рæвдауæнлдонмæ цæуыны тыххæй ныййарджытæ цы фиддонтæ фидынц, уый нымæц ацы аз нæ аивдзæн, æмæ уыдзæни 1279 сомы. Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Ведомствæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй фиддон æппæты фылдæр у Мæздæджы районы – 1470 сомы. Æппæты къаддæр та у Æрæфы районы – 970 сомы. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй фиддонты къаддæр нымæц баззайа æнæивгæйæ. Уымæн æмæ ныртæккæ бинонтæн æххуыс кæныны хъуыддаг у фыццаградонтæй иу. Æмбырды ма ныхас цыди, туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы фарстатыл дæр. Архитектурон комитеты разамонæг Цæллагкаты Алыксандр радзырдта комплексы  территорийы цы арæзтæдтæ цæуы, уыдоны методикон рекомендациты тыххæй. Уый фадат ратдзæни уыцы бынæтты рагон архитектурæ бахъахъхъæнынæн.

Арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин радзырдта, нысанон программæмæ гæсгæ æрыгон бинонты цæрæнуæттæй æххæст кæнынæн фæрæзтæ куыд дихгонд цæуынц, уый тыххæй. Ацы аз 80 адæймаджы райсдзысты субсидитæ. Ам  Тускъаты Таймураз хуыздæры рдæм ивддзинæдтæ фæбæрæг кодта Æрыдоны районы. Администраци ссардта уæлæмхасæн фæрæзтæ. Хицауады сæрдар иннæ муниципалон скондтæн дæр бахаста фæндон, цæмæй бафæзмой Æрыдоны районы. Финансты министры хæдивæг æмбырды архайджыты базонгæ кодта, республикæйы Сæргълæууæг æмæ федерадон финансты министрады хсæн цы бадзырд фыст æрцыди, уый сæххæст кæныны пъланимæ. Мадзæлттæ иууылдæр баст сты дотацион æмвæзад фæкъаддæр кæнынимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania