филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
12 ноября 2025, 10:36
Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм цау

Донгæроны фæзынд ног фæлладуадзæн бынат

Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм цау. Донгæроны фæзынд ног фæлладуадзæн бынат. Национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ, хъæуы сарæзтой сывæллæтты æмæ спортивон фæзтæ. Территорийы сæвæрдтой алыхуызон хъеллаугæнæнтæ, турниктæ, бандæттæ бырæттæн урнæтæ, нырыккон рухсгæнæнтæ. Разæй ма æнхъæлмæ кæсынц алфамбылай территори аивгæнæн куыстытæ. Нысан дзы кæнынц бæлæстæ ныссадзын, æмæ фæзы уæлцъар сраст кæнын. Хъæуы цæрджыты рагæй фæндыд, цæмæй сæм ахæм тыгъдад фæзына, уый. Донгæроны цæры мин адæймагæй фылдæр. Се хсæн ис бирæ сывæллæттæ. Ивгъуыд аз архайдтой хъæлæс кæныны хъуыддаджы, цæмæй се хсæнадон территори фылдæр баллтæ æрæмбырд кæна, уый тыххæй. Арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой ацы аз, æмæ, зæгъæн ис, кæронмæ æрхæццæ сты. Уыимæ дзы ныртæккæ дæр сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм сæ фæллад уадзын уарзынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania