Проектыл бакуыстой уæлдæр скъола æмæ республикæйы историйы æмæ археологийы институт. Фенæн дзы ис цымыдисаг археологон этнографион æрмæджытæ суанг дурын дугæй
Ацы проектыл бакуыстой уæлдæр скъола æмæ республикæйы историйы, стæй археологийы институт. Экспонатты `хсæн сты алы историон заманты адæймæгты фæлгонцтæ: скифтæй 18-æм æнусты онг сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ. Сæ уæлæдарæс æмæ сын сæ хæцæнгæрзтæ среставраци кодтой археологон æрмæджытæм гæсгæ. Музей Хуссар Уæрæсейы нымад у хуыздæртæй иуыл. Экскурситы йæм лæвар цæудзысты студенттæ, скъоладзаутæ æмæ кæй фæнды, уыдон. Рагон дзаумæтты музей «Алани» фыццаг бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Кадджын уавæры алыг кодта сырх лент, æмæ уый фæстæ федта экспонанттæ. Скодта сын стыр аргъ.
Музей баиу кодта археологты, историкты æмæ реставраторты 40 азы куыстытæ. Республикæйы сæргълæууæгæн равдыстой уæды рæстæджы кусæн дзаумæттæ, уæлæдарæс, аивгæнæнтæ. Уæлдай ирддæрæй дзы зынынц, Хъобайнаг культурæйы дуджы æууæлтæ. Иууылдæр реставрацигонд æрцыдысты археологтæ сæ куыдæй ссардтой, уыцы рагон хуыз нæ аивгæйæ. Скифаг æмæ Алайнаг хæстонтæ, алы дзаума дæр иртæстытæн у зынаргъ æмæ цымыдисаг. Музейы алы экспонат дæр у æмбал кæмæн нæй, ахæм.
Музейы дыккаг залы адæймаг æххæстæй æнкъары астæуккаг æнусты культурæ æмæ царды уаг. Уæд Алантæн фæзынд сæхи фыссынад. Университеты куыд зæгъынц, афтæмæй музей суыдзæн стыр ахуырадон фæз. Экспозици кæндзæн фылдæрæй фылдæр. Цалдæр сæдæ мин экспонаты нырма сты фондты.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты музей Советон Цæдисы нымад уыди хуыздæрыл. Ныр та сæ бон раппæлын у, уымæй стырдæр историон æвдисæндарæй.
Фæсивæдæн музей у куыд ахуырадон, афтæ хъомыладон фæрæз дæр. Адæймаджы миддуне дзы кæны хъæздыгдæр, уымæ гæсгæ, алкæмæн дæр фадат ис æрбацæуын æмæ ирон адæмы рагон культурæ æмæ æгъдæуттæ бахонгæ уæвынæн.




