Бацæттæ дзы кодтой радон премьерæ, спектакль «Сызгъæрин антилопа», æмæ афтæмæй сæхгæдтой театры 85-æм сезон
Скæсæйнаг аргъау. Рагон Инди Дзæуджыхъæуы равдисыны хæс сæ размæ сæвæрдтой театр «Саби»-йы. Бацæттæ дзы кодтой радон премьерæ, спектакль «Сызгъæрин антилопа», æмæ афтæмæй сæхгæдтой театры 85-æм сезон. Аргъауы куыд вæййы, афтæмæй ацы хатт дæр фæуæлахиз хæлардзинад. Сæйраг хъайтартæ та ссардтой амонд. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Фыццаг уысмæй сценæйы архайд театрдзауты ахæссы дард, фæлæ бирæтæн уарзон Индимæ. Ирд сурæттæ, цыма боливуды кино у, афтæ. Скæсæйнаг аргъауæй сидзæр лæппу æмæ сызгъæрин антилопæйы хæлардзинад зындгонд у, советон мультипликацион кинонывтæм чи каст, уыдонæн. Спектаклы режиссер у нæ республикæйы адæмон артист Колыты Владислав. Нывгæнæг-æвæрæг – Ситохаты Светланæ.
Хорздзинад æмæ æвзæрдзинады æнусон тох , чъынды Раджа сæйраг хъайтары йæ хæларыл гадзрахатæй рацæуыныл куыд амоны, уый равдисынæн режиссер спайда кодта алыхуызон театралон фæрæзтæй. Постановкæ дзуры царды ахсджиаг хъуыддæгтыл – хорз кæнæ æвзæр уæвын адæймагæн йæхицæй аразгæ кæй у, ууыл.
Джунглийы сырдты чи уарзы, уыцы лæппуимæ иузæрдион уæвын æмæ æнарæхст æлвынæгыл худын чысыл театрдзаутæн фадат фæзындзæн фæззæджы, театр «Саби»-йы ног сезон куы райдайа, уæд. Ныр та æхгæд æрцыд йæ 85 сезон. Уарзон Индийы алæмæты хабæрттæ Дзæуджыхъæуы астæу равдисын режиссерæн æмæ актертæн æнцон хæс нæ уыд. Фæлæ «Саби»-йы зонынц чысыл театрдзауты зæрдæты цымыдисдзинад æвзæрын кæнын.
Куыд цавæрфæнды аргъауæн, афтæ амæн дæр йæ кæрон у амондджын. Раджа æфхæрд æрцæудзæн, сæйраг хъайтартæ та баззайдзыты зæрдæрайгæйæ. Скæсæйнаг зонд иронау æмæ ирон театрдзаутæн – аргъау цæрдзæн, иу хатт сидзæр лæппу æмæ сызгъæрин антилопæйы хæлардзинадæн æвдисæн чи суа, уыдоны зæрдæты.




