Рагон царды тæваг æмæ æнусты ирддæр цаутæ. Æрæфы районы хъæу Лескены цæрæг – коллекционер Бетрозты Аслæнбег йæ райгуырæн хъæу æнæкæрон уарзтæй кæй уарзы, уымæн æвдисæн у йæ зæрдиаг куыст. Аслæнбег æмбырд кæны историйыл дзурæг экспонаттæ, æмæ сæ равæрдта арвы бын музейы. Хæдзары дзаумæттæ, мигæнæнтæ, хæстон азты атрибутикæ. Алы предметы дæр – абарæн кæмæн нæй, ахæм истори. Æппæт ацы хъуыддæгтæ, æнæмæнг, цымыдисаг уыдзысты, 16-æм августы Лескены 160 азы юбилеймæ чи æрбацæуа, уыдонæн. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у, бакæсæм Сосанты Жаннæйы сюжетмæ.
Лескены хъæуы астæуты рацæугæйæ адæймаг æнабафиппайгæ нæ фæуыдзæн, уынджы цы диссаджы рагон дзаумæттæ æвæрд ис, уый. Схонæн æй ис уынджы музей.
Алы æнусты æмæ азты адæм кæмæй пайда кодтой, уыцы дзаумæттимæ ам æмбæлы базонгæ уæвын. Бирæты дзы адæм хъуыды дæр нал кæнынц, фæлæ сæ рæстæджы та æнцондзинад хастой адæмæн. Бетрозы-фырт сын сæ аивдзинадыл афтæ дзæбæх бакуыста, æмæ алы дурыл дæр фидаргонд чи рцыд, уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи нысаниуæг. Уæдæ дзы алкæйы истори дæр афтæ дзæбæх зоны, æмæ йæм хъусынæй дæр адæймаг не фсæды.
Ис дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст экспонаттæ дæр. Уыдонæн Аслæнбег йæхи къухтæй скодта сæрмагонд бынат æмæ дзы кæстæр фæлтæры бон у базонын бирæ хъуыддæгтæ, уыцы уæззау рæстæгæй. Уынджы цы экспонаттæ ис, канд уыдон дæр адæймаджы уырнын кæнынц, нæ фыдæлтæ тыхджын æмæ зондджын кæй уыдысты, ууыл. Ахæм дзаумæттæ хи къухæй кæнын раздæры рæстæджы æнцон хъуыддаг нæ уыд, фæлæ нæ фыдæлтæ та арæхстысты æмæ кодтой амæлттæ.
Алы экспонатыл дæр дис кодтон сывæллонау, фæлæ мæм дарддæр цы æнхъæлмæ каст, уый та кæцæй æмбæрстон. Кæртмæ бацæугæйæ мæ Аслæнбег ныххуыдта асинтыл, æмæ мæхи банкъардтон цавæрдæр, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм уæлдæфы мидæг. Уаты цæры удæн æхцондзинад хæссæг комулæфт.Аслан куыд зæгъы, афтæмæй ам ис 500 экспонатмæ хæстæг. Æмбырд та сæ кæны дæс азмæ хæстæг. Йæ фыццаг баркадджын экспонатты кой дæр нын æнæ ракæнгæ нæ фæци.
Афтæмæй историон цауты æвдисæндартæ иугаййæ сбирæ сты Бетрозты хæдзары. Музейы хицæн бынат ахсынц лескейнаг Бериты Æхсарбеджы куыстытæ. Музейы ссарæн ис алы къабæзтимæ баст цымыдисаг æрмæджытæ. Ахæм музейтæ, æвæццæгæн, дунейы дæр бирæ нæй. Уымæ гæсгæ Æрæфы районы Лескены сæйраг уынгыл цæуджыты дæр, ацы экспонаттæ дисы бафтауынц, æмæ сæ сæ къах ардыгæй нал фæххæссы, уыцы цау арцыд мæныл дæр.




