Тыхджын дымгæйы æмæ ихимæ тæрккъæвдаты аххосæй æртыдтой электрон тыхдæттæг телтæ, афæлдæхтысты бæлæстæ, хъыгдард баййæфтой хæдзæртты сæртæ
Рахизфарсы æмæ Æрыдоны районты конд æрцыд æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк. Тыхджын дымгæйы æмæ ихимæ тæрккъæвдаты аххосæй æртыдтой электрон тыхдæттæг телтæ, афæлдæхтысты бæлæстæ, хъыгдард баййæфтой хæдзæртты сæртæ. Арæзт æрцыд ведомствоты хсæн къамис. Уый хъуамæ сбæрæг кæна, æрдзон фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый. Бæрæггæнæн куыст расидти Прокуратурæ. Уый аргъ скæндзæн бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайдæн, стæй коммуналон службæтæ æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг сæ куыст куыд аразынц, уымæн. Уыдон хъуамæ бæлвырд æххæст кæной, æнæнхъæлæджы уавæрты архайды фæткы закъонæвæрынад. Æрдзы хивæнд миты фæстиуджытæ иуварсгæнæн куыст цæуы ныртæккæ дæр.




