филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
09 апреля 2014, 17:13
Рахизфарсы районы æрæджы фæзынд ног къорд «Беслæны нанатæ»

Йæ сæйраг нысан у, 2004-æм азы теракты фæстæ хъыгдардбаййафæг адæмæн баххуыс кæнын, сæ миддуне сын хъæздыгдæр кæнын. Уымæн æмæ дунейы ахæм адæймаг нæ баззад уыцы

Рахизфарсы районы æрæджы фæзынд ног къорд «Беслæны нанатæ»
Йæ сæйраг нысан у, 2004-æм азы теракты фæстæ хъыгдардбаййафæг адæмæн
баххуыс кæнын, сæ миддуне сын хъæздыгдæр кæнын. Уымæн æмæ дунейы ахæм
адæймаг нæ баззад уыцы фыдбæллæхы кой чи нæ базыдта æмæ йæ йæ зæрдæмæ хæстæг чи нæ айста.

Иу фæрдыг иннæйы фæдыл, иу сынк иннæйы фæдыл рæсугъдæй æвдисы хуыд дзаумæтты аивдзинад. Дыууæ фæлтæы минæвæртты хсæн ныхасгæнгæйæ та гуыры кæрæдзимæ æнувыддзинад æмæ уарзондзинад. Уымæн æмæ сæ кæддæр иу бæллæх кæрæдзиуыл сбаста, иу зæрдæйæ сæ иннæмæ уагъта фидар уидæгтæ.

Беслæны фыдбæллæхы кой чи нæ фехъуыста æмæ нæ базыдта, дунейы ахæм адæймаг нæ баззад. Алы бæстæты цæрджытæ сын лæвар кодтой сæ зæрдæйы хъарм, ауыдысты хъыгдардбаййæфæг сывæллæттыл.

Æмæ сабыргай, кæстæртæ сæхиуыл схæцыдысты… Фæлæ зын сахат сæ фарсмæ чи уыд, уыцы ныййарджыты, уæлдайдæр та сæ нанаты зæрдæтæ къаддæр нæ сæнкъуысыдысты. Бирæтæ сæ, сæ тыхст æмæ рыстимæ баззадысты иунæгæй. Ныр Беслæны хъæппæрисджын адæмты æххуысæй сæ бон у иумæ æрбамбырд уæвын, кæрæдзиимæ фембæлын. Уый та уымæн æмæ сæм фæзынд къорд «Беслæны нанатæ».

Ууыл сывæллæттæ дæр цин кæнынц. Æхсызгон сын у сæ хистæртимæ иумæ кæй фембæлынц, кæй ахуыр кæнынц сæ фæлтæрдзинадыл, кæй сын амонынц рæсугъд дзаумæттæ кæныны куыд хъæуы, уый.

Нанатæн нырма сæхи бæстыхай нæй. Арæхдæр фембæлынц Алагиры моладзандоны. Æмæ хистæртæ зæрдиагæй æххуыс кæнынц моладзандоны чи ис, уыдонæн дæр. Фæкæсынц сæм. Уырдæм та сæ аласынц «Беслæны мадæлты» комитеты æмæ организаци «Мæ бинонтæ»-йы уæнгтæ.

Нырма уал бабутæ бирæ не сты. Раст зæгъгæйæ, сæм бирæты фæнды, фæлæ сын сæхи бæстыхай кæй нæй, уымæ гæсгæ рæстæгæй-рæстæгмæ амбырд вæййынц куы моладзандоны, куы Беслæны 8-æм скъолайы.

Афтæмæй та, ахæм фембæлдытæ цыфæнды хостæй дæр хуыздæр сты, зæгъынц ацæргæ сылгоймæгтæ. Кæстæртимæ иумæ сæ ферох вæййынц сæ зындзинæдтæ, сæ тыхст.

Се стырдæр бæллиц та у, цæмæй æгас дунейыл уа сабыр æмæ кæстæртæ уой хъæлдзæг.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania