филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:49 суббота, 21 сентября 2024
28 ноября 2012, 09:27
Рахизфарсы районы администраци æнусон арты хæрдзтæн цæттæ у йæхи бюджетæй фидынмæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты тыххæй нæ республикæйы архивты ис бирæ æрмæг. Сæ нæмттæ нæ рох кæнын у нæ сæйрагдæр хæстæй иу. Зæрдыл дарынæн æмæ хъуыды кæнынæн стыр нысаниуæг ис æнусон æртытæн.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты тыххæй
нæ республикæйы архивты ис бирæ æрмæг. Сæ нæмттæ нæ рох кæнын

у нæ сæйрагдæр хæстæй иу. Зæрдыл дарынæн æмæ хъуыды кæнынæн стыр
нысаниуæг ис æнусон æртытæн. Кæддæр сæ ссыгътой Дзæуджыхъæуы æмæ районты
дæр. Ацы бонты Ольгинскæйы æнусон артыл сæвæрдтой газ нымайæн. Хъæуы
бынæттон администрацийы нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уый конд æрцыд
æрдзон газы бæрзонд аргъы тыххæй. Хуымæлæджы та æнусон арт
рæстæгæй-рæстæгмæ хуыссын акæнынц. Ссудзынц æй æрмæстдæр бæрæгбæттæм.

Газ судзы, нымайæн бæрæг кæны, цы
хардзгонд æрцыди, уый. Ацы хъуыддаджы диссагæй ницы ис, фæлæ нымайæн
æвæрд æрцыд, сæ цард адæмы тыххæй чи радта, уыцы салдæтты номыл æнусон
артыл. Ольгинскæйы бынæттон администрацийы æмбарын кæнынц, æнæ афтæ
кæнгæ сын кæй нæ уыд, уый. Газ зынрагъ у, хъæуы бюджет та – чысыл. Уымæ
гæсгæ- иу раздæр æнусон арт ссыгътой æрмæстдæр бæрæбæтты.

Хæмыцаты Руслан, Ольгинскæйы бынæттон
администрацийы сæргълæууæг: «Иууылдæр æй зонынц, уый мæнæ хæсты чи
баззад, цардхъуагæй чи ацыд, адæмы номыл с цард чи радта. Уыдоны
сæраппонд хъуамæ судза. Ахæм æгъау и сæмæ йæ мах дæр кæнæм. Хъæуы
цæрджыты фæндонмæ гæсгæ ахæм уынаффæ рахастам, цæмæй алы бон дæр судза,
уый. Фæсивæдды комитет тынг баххуыс кодтой, уыцы фарстайы. Баныхас
кодтой, цæмæй арт судза».

Хæмыцаты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй
цæмæй æнусон арт йæ номмæ гæсгæ æппынæдзух судза, уый тыххæй бюджетмæ
бафтауын хъæуы 3000 соммæ ввахс. Хъæуы цæрджытæ ма ахæм фæндон дæр
бахастой,цæмæй йын сæхæдæг фидой, фæлæ хъæуы администраци ацы фарста
йæхимæ райста.

Дзуттæгаты Эльмæ, Ольгинскæйы цæрæг:
«Алы ран дæр судзынц, уæд æй махмæ цæмæн ахуыссын кæной хъуамæ, цы
цæсгомæй. Абон дзы нымайæн дæр æвæрд æрцыд. Кусы, уæдæй нырмæ иу бон
дæр нæ ахуыссыд. Куыд æмбæлы, афтæ йæ скодтой».

Æнусон артыл нымайæн сæвæрыны фæндон
газдæттæг куыстуат бахаста Хуымæллæджы администрацимæ дæр. Фæлæ хъæуы
не сразы сты. Куыд хъуамæ æрбакæнæм скъоладзауты цыртдзæвæны цурмæ,
нымайæн ыл куы лæууа, уæд, зæгъы Хуымæллæджы бынæттон администрацийы
сæргълæууæг Æлбегаты Таймураз. Майы бæрæгбæтты фæстæ администрацимæ
æрбацыд фыстæг, 12 мины бафидын кæй хъæуы, æнусон арт цалдæр боны кæй
фæсыгъд, уый тыххæй. Æмæ уæд газ ахуыссын кодтой. Хъуыддаг сбæлвырд
кæнынæн «Аланиярегионгаз» нырма ницы дзуапп радта.

Советон Цæдисы 8 хъæбатыры. Рахизфарсы
районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдысты 5 мин адæймаджы. Уыдонæн се
мбис нал ссыздæхт Ирыстонмæ. Ацы æфсымæрон ингæны та ныгæд ис мин
салдатæй фылдæр.

Габеты Семен, Рахизфарсы районы
ветеранты Советы сæрдар: «Уый бæрц туг ныккалдтой, сæ цард радтой. Æмæ
нæ хъару нæу, æмæ уыдонæн уыцы газ мах лæвар дæттæм. Ахæм хабар дæр ма
уыдис, æмæ ветерантæ æрæмбырд сты æмæ ззагътой, мах дам нæ пенситæй
æмбырд кæндзыстæм æмæ фитдзыстæм уыцы газæн».

Фыдыбæстæ чи бахъахъхъæдта, уыдонæй иу
уыд Юрий Фоменко. 5 æрдхордæй ацыдысты хæстмæ æмæ ма æрыздæхт æрмæстдæр
йæхæдæг. Ныр мын уымæй зындæр ницы вæййы, æнусон арт хуыстæй куы
фенын, уæд, зæгъы ветеран. Юрий Фоменко æмæ районы ветерантæ сфæнд
кодтой, æнусон арт цы газ хардз кæны, уымæн сæ пенситæй фидын. Æмæ
фыстæг районы газеты куы рацыд, уæд æнусон æртытæ ссыгътой. Фæлæ
ветерантæ ныр дæр мæт кæнынц, ацы хъуыддаг бирæ кæй нæ ахæсдзæн, ууыл.
Нæ фыдæлтæ Уæлахизæн цы стыр аргъ быфыстой, уымæй зынаргъдæр фæци,
Фыдыбæстæ знагæй чи бахъахъхъæдта, уыдоны ном хъуыды кæныны фæрæз –
æнусон арт.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania