Ссардта дзы Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Туркины ном
«Есть только миг». Рахизфарсы районы культурæйы галуаны уыд Кристина Папояны чиныджы презентаци. Ссардта дзы Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Туркины ном. Æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд дæлхайад «Вымпел»-ы афицер фæмард, Беслæны теракты амæттæгты ирвæзынгæнгæйæ. Йæхицæй бамбæрзта, террорист сывæллæттыл цы гранатæ фехста, уый. Йæ лæгдзинады тыххæй Андрей Туркинæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы хъæбатыры ном. Автор чиныг хоны литературон цыртдзæвæн. Кристина Папояны ныхæстæм гæсгæ, биографион уацмыс чиныгкæсджытæн дзуры æрмæст ныфсхаст Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хъысмæты тыххæй нæ, фæлæ у уды фидардзинады, æнгомдзинады æмæ уарзондзинады æвдисæн. Чиныджы презентаци Беслæны саразын у авторы фæндон. Мадзалы уыдысты районы скъоладзаутæ, 1-æм скъолайы ахуыргæнджытæ.
