Уæдæ уыцы фарстатæ ис Дзæуджыхъæуы бирæсывæллонджын бинонтæм дæр
Рахизфарсы районы прокуратурæ сбæрæг кодта, бирæсывæллонджын бинонтæн зæххытæ цы программæмæ гæсгæ дæттынц, уый хорз кæй не ххæст кæныныц, уый. Тæрхондонмæ арвыстой 3 курдиаты. Адæм хъаст кæнынц, цы зæххытæ райстой, уыдон хъæугæ коммуникацитæй ифтонг кæй не сты, уымæй. Уæдæ уыцы фарстатæ ис Дзæуджыхъæуы бирæсывæллонджын бинонтæм дæр. Куыд архайынц хъуыддаг банывыл кæныныл, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Танделаты бинонтæ ацы зæхх райстой, бирæсывæллонджын бинонтæн цы социалон программæ ис, уымæ гæсгæ. Фæндыд сæ хæдзар самайын, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй æнцон хъуыддаг нæу.
Зæххы хай хъæугæ коммуникацитæй хъуамæ сифтонг кодтаид Рахизфарсы районы администраци. Æмæ ахæм фарста канд Танделаты бинонтæм нæй. Лыггæнинаг фарстамæ æркаст Рахизфарсы районы прокуратурæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй домæнтæ æххæстгонд не сты. Уымæ гæсгæ æртæ курдиаты балæвæрдтой тæрхондонмæ.
Социалон зæххытæ рахай кæныны фарста фæзынд горæтгæрон районы дæр. Адæмæн сæ бон зæхх райсын нæу, уымæн æмæ официалон æгъдауæй хауы Дзæуджыхъæумæ. Ныридæгæн архайынц, цæмæй йæ Джызæлыл ныффыссой, ууыл.
Горæтгæрон районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй зæхх Джызæлыл ныффысдзысты дыууæ мæймæ. Хъæудзæн ма дзы коммуникацитæ скæнын. Паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хъуыддагæн фæрæзтæ нæма ис.
Уыимæ Дзæуджыхъæуы зæххытæ райсынмæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 500 бирæсывæллонджын бинонтæй фылдæр.




