филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:41 понедельник, 15 декабря 2025
29 ноября 2019, 15:09
Рахизфарсы районы райдыдтой республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлдтытæ

Сæ сæйраг нысан – районты цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ раргом кæнын, æмæ сыл кусын

Рахизфарсы районы райдыдтой республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлдтытæ. Сæ сæйраг нысан – районты цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ раргом кæнын, æмæ сыл кусын. Фыццаг ахæмфембæлд уыд Хуымæллæджы цæрджытимæ. Æрæмбырд сты бынæттон культурæйы хæдзары, æмæ Битарты Вячеславмæ лæвæрдтой сæ ахджиагдæр фæрстытæ. Цæимæ баст уыдысты, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Фыццаг фембæлд уал уыд Хуымæллæджы культурæйы хæдзары. Битарты Вячеславæн цардархайды ахсджиаг фарстатæ фехъусын кодта хъæуы сæргълæууæг Сæлбиты Артур. Се хсæн – дондзуæн системæ. Йæ куыст нал æххæст кæны 90%. Коммуникацитæ аивыны гæнæнтыл æрдзырдта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады минæвар Игорь Портнов.

Ацы хъуыддаг равзарыныл архайы хъæууон хæдзарады министрад дæр. Сæлбиты Артур ма фехъусын кодта, Хуымæллæджы медицинон куыстуат кæй нæй, уый. Битарты Вячеслав загъта, хъæу гыццыл нæу, æмæ дзы æнæмæнгæй хъæуы амбулатори.

Хъæуы цæрджытæ республикæйы разамынды ргом аздæхтой, ныридæгæн лыггонд чи æрцыди, уыцы фарстатæм дæр. Цалцæггонд æрцыдысты культурæйы хæдзар æмæ скъола. Фæлæ ахуыргæнджытæ Битарты Вячеславæй ракурдтой, цæмæй сын баххуыс кæна, спортивон фæз сцалцæг кæнынæн, уымæн æмæ сывæллæттæ се спортивон цæттæдзинадыл кæм кусой, уый сын нæй. Уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Гасситы Индирæ куыд загъта, афтæмæй спортивон залы уавæр у зæрдæхсаинаг.  

Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндоны разамонæг Туаты Алан дæр фехъусын кодта, сывæллæтты рæвдауæндоны цы къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлынц, уый. Цыдæр хъуыддæгтыл бакусынц сæхи хъаруйæ. Фæлæ ис ахæм фарстатæ, æнæ æххуысæй сæ бон кæуыл нæ цæуы. Афтæ, рæвдауæндоны кусджытæ хъаст кæнынц цы продукттæ сæм ласынц, уыдоны хæрзхъæддзинадæй.

Республикæйы Сæргълæууæг бахæс кодта ахуырад æмæ наукæйы министрæн, цæмæй хъæуы разамындимæ равзарой æмæ сбæрæг кæной, рæвдауæндонмæ цы продукттæ ласынц, уыдоны фарста. Хатдзæгмæ Битарты Вячеслав æнхъæлмæ кæсы къуырийы æмгъуыдмæ. Скъолайы ахуыргæнæг Хæбæлаты Дзамболат та фарста радта хъæуты педагогтæн льготæты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ сæ ныр цалдæр азы нæ фидынц.

Хуымæллæджы цæрæг Бызыккаты Эльбрус йæ раныхасы загъта, Цæлыккæй Хуымæллæгмæ фæндагыл транспорты уавæр æвзæр кæй у, уый. Бахаста фæндон, цæмæй дзы сæвæрой светофор.

Æлдаттаты Алан æрымысыди хъæуæй рацæуæг хъæбатырты. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Хуымæллæджы нæй се мхъæуккаг сгуыхт адæмы аккаг цыртдзæвæн. Битарты Вячеслав  бахаста, сквер скæныны хъæппæрис. Цингæнгæйæ фæндоныл сразы сты хъæуы цæрджытæ дæр. Козаты Ларисæ Хуымæллæгмæ æрцыди Беслæнæй. Сылгоймаг дзырдта, æрæджы зынгсирвæзтæй хъыгдард чи баййæфта, уыдоны бартыл. Сæргълæууæгæн фехъусын кодта, цы хæдзары цардысты,  уый кæлæддзаг кæй уыди. 8 бинонтæ баззадысты уынджы. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, уавæр кæй равзардзæн, уымæй. Уæвгæ бæрнон кусджытæн сæ риссагдæр фарстатæ фехъусын кæныны фадат уыди, чи æрбацыди, уыдонæн алкæмæндæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania