филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:59 суббота, 18 мая 2024
12 августа 2014, 12:07
Рахизфарсы районы рынчындонæн фæзынд ног сæйраг дохтыр æмæ йæ размæ ис бæлвырд хæстæ

Бæстыхайы бындурон цалцæг, ног рентген аппарат æмæ флюроограф балхæнын æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл бакусын. Рахизфарсы районы рынчындонæн фæзынд ног сæйраг дохтыр

73683
Бæстыхайы бындурон цалцæг, ног рентген аппарат æмæ флюроограф балхæнын æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл бакусын. Рахизфарсы районы рынчындонæн фæзынд ног сæйраг дохтыр æмæ йæ размæ ис бæлвырд хæстæ. Хуыздæрырдæм ивддзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц Хуымæллæджы рынчындоны дæр.

Беслæны районы рынчындоны раздæры сæйраг дохтыр Баскаты Валерийы йæ æмкусджытæ афæндараст кодтой къуыхæмдзæгъдæй. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бынат ныууагъта барвæндонæй. Кæд рынчындонæн лæггад кæнынæй нæ фæллад, уæддæр дзы ныртæккæ дæр ис бирæ куыст. Ног разамонæг Гутънаты Барис йæ фыццаг радон фарстатыл нымайы флюрограф æмæ рентген аппарат самал кæнын. 2016-æм азы та поликлиникæ сцалцæг кæнын. Уымæн бахъæудзæн 139 милуан сомы. Объект хаст æрцыд федералон программæмæ. Рахизфарсы районы ма и сиу иу фыццаг радон фарста, уый Хумæллæджы рынчындон.

Æлбегаты Таймураз, Хумæллæджы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «6 азы æхгæд уыд рынчындон æмæ Хумæллæджы цæры 4 мин бæрц адæм æмæ æрмæст Хумæллæды адæмæн нæ, фæлæ хæстæг хъæуты цæрджытæн дæр æнцон уыд, ардæм цыдысты. Уæздан адæм дзы куыстой, замманай бæлæстæ дзы уыд, изæрыгон иу рынчынтæ дуармæ бадтысты. Æрмæст хъæутæй нæ, фæлæ ма иу Бесланы цæрджытæ дæр ардæм цыдысты, ахæм хорз рынчындон уыд».

Хумæлæджы рынчындонæн йæ рæстæджы уыд стыр ахадындзинад. Лæггад кодта рахизфарсы 8 хъæуæн. Фæлæ абон йæ бæстыхай йæхæдæг у æххуыс хъуаг. Хумæллæджы цæрджытæ медицинон æххуыс исынц амбулаторийы ам æрбынат кодта тагъд æххуысы бригадæ дæр. Фæлæ адæм тыхсынц.

Лазарты Валентинæ, рынчындоны раздæры хистæр медицинон хо: «Адæм мах фæрсынц, фыскæ дæр кæнынц кæдæмдæрты, цæугæ дæр акодтой æмæ сын фæзæгъынц, райдайдзыстæм æй кæнын, зæгъгæ, фæлæ та ницы. Тынг æнхъæлмæ кæсынц ацы рынчындонмæ».

Бынæттон депутат Уататы Зелимы хъæппæрисæй фарстамæ æркастытсты бæрнон адæм. Рынчындон дзы нал уыдзæн, фæлæ бæстыхай цалцæггонд куы æрцæуа, уæд дзы байгом уыдзæн поликлиникæ, боныгон стационаримæ. Уыцы куыст райдадзысты фидæны аз, зæрдæ æвæры республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania