филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 среда, 17 декабря 2025
06 февраля 2018, 14:21
Рахизфарсы районы скъоладзаутæн ныр 13 азы йæ уды фарн æмæ къухты арæхстдзтинады сусæгдзинæдтæ рæдауæй лæвар кæны Ходы Алан

Кæд ацы куыст йæ сæйрагдæр дæсныйад нæу, уæддæр йæ царды ахсы ахсджиаг бынат.

Рахизфарсы районы скъоладзаутæн ныр 13 азы йæ уды
фарн æмæ къухты арæхстдзтинады сусæгдзинæдтæ рæдауæй лæвар кæны Ходы
Алан. Кæд ацы куыст йæ сæйрагдæр дæсныйад нæу, уæддæр йæ царды ахсы
ахсджиаг бынат. Аланы хъомылгæнинæгтæй бирæтæ хъæдæрмæджы куыст
равзæрстой фидæны дæсныйадæн. Ныридæгæн сын сæ архайд базыдтой æрмæст нæ
республикæйы нæ, фæлæ бæстæйы æндæр рæтты дæр. Уый та сæ къухы бафтыд
сæ куыстуарзондзинады фæрцы.
Ходы Аланы бæллиц йæ гыццылæй фæстæмæ
уыди сфæлыстадон куыст кæнын. Уый фæстæ та йæ фæндыд сывæллæтты
хъæдæрмæгимæ кусын ахуыр кæнын. Бирæ азтæ рацыд, æмæ йæ фæндтæ сæххæст
сты. Мидхъуыддæгты министрады раздæры кусæджы æнæнхъæлæджы федтой йæ
радон куыст куы цæттæ кодта, уæд. Фæндон ын бахастой, иннæты дæр ахуыр
кæнын, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, радта разыйы дзуапп. Зæгъын хъæуы уый,
æмæ йæ хъомылгæнинæгтимæ кусы лæвар. Æппæт кусæн æрмæджытæ Алан балхæны
йæхи хардзæй.
Ныртæккæ Аланмæ ис 57 хъомылгæнинаджы. Уыимæ æрмæст скъоладзаутæ нæ, фæлæ хистæр кары адæм дæр.

Сæ
ахуыргæнæг йæ цæст дары, цæмæй цыргъ кæрдтæй йæхи мачи алыг кæна –
æдастдзинад æппæты фыццаг. Афтæмæй хъæдыл фæзыны аив ныв, кæнæ орнамент.
Уый фæстæ йæ сахорынц лакæй. Ходы Алан йе ргом фылдæр здахы национ
мотивтæм.

Хъæдæрмæджы куыст чи кæны, уыдонæн сæ сæйраг девиз у,
куыстуарзондзинад. Сабитимæ кусын кæдфæнды дæр æнцон нæ вæййы. Иу национ
къус саразыныл рæстæмбисæй ацæуы дыууæ мæйы бæрц.

Ходы Аланы
хъомылгæнинæгты куыстытæ арæх равæрынц æппæтуæрæсейон конкурсты
Мæскуыйы, Саратовы, Стъараполы. Бирæ хатт райсынц фыццаг бынæттæ.
Æрмдæсныйæн æхсызгон уый у, æмæ кæй сахуыр кодта, ацы куыстыл, уыдонæй
бирæтæ хъæдæрмæджы куыст равзæрстой дæ дарддæры дæсныйадæн. Уымæ гæсгæ
йæ зæрдæ дары, хæстæгдæр рæстæг ацы рагон хъуыддагæн фесæфынæй тæссаг
нæу.

Касаты Наирæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania