филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:48 воскресенье, 01 февраля 2026
26 августа 2019, 12:47
Рахизфарсы районы цæрджытæй ацы азы райдианæй диспансеризаци ацыдысты 13 мин адæймаджы

Районы рынчындоны сын ис сæрмагонд агъуыст, цæмæй сæ рады лæууын ма хъæуа, æмæ дохтыртæн дæр æнцондæр уа, уый тыххæй

Рахизфарсы районы цæрджытæй ацы азы райдианæй диспансеризаци ацыдысты 13 мин адæймаджы. Районы рынчындоны сын ис сæрмагонд агъуыст, цæмæй сæ рады лæууын ма хъæуа, æмæ дохтыртæн дæр æнцондæр уа, уый тыххæй. Ахæм уавæртæ скодтой Æрæфы районы рынчындоны дæр. Поликлиникæйы кусынц æртæ терапевтон кабинеты адæмы диспансеризацийæн. Куыд кæсынц адæм се нæниздзинадмæ, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Анзор Циклаури у, йæ нæлгоймаджы кары бацыд, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг. Æвзæр миниуджытæм æмхиц нæу, æнцад бадын нæ зоны, уæдæ йе нæниздзинады уавæр дæр æдзухдæр бæрæг кæны.

Анзоримæ разы сты йæ хæстæджытæ æмæ æмбæлттæ дæр. Рахизфарсы районы цæрджытæн диспансеризаци ацæуын кæй хъæуы, уый сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц фæдзæхстадон компани æмæ муниципалитетты администрацитæ. Уый фæрцы афæдзы райдианæй дохтыртæ федтой Рахизфарсы районы цæрæг æртындæс мин адæймаджы.

Диспансеризацийæн районы рынчындоны ис сæрмагонд агъуыст. Уый сарæзтой, цæмæй адæмы рады лæууын ма хъæуа, стæй цæмæй дохтыртæн дæр сæ куыст фенцондæр уа.

Ахæм уавæртæ сарæзтой Æрæфы районы рынчындоны дæр. Поликлиникæйы кусынц æртæ терапевтон кабинеты адæмы диспансеризацийæн.

Адæмы дих кæнынц æртæ къордыл. Æнæнизтæ, тугдадзинты æмæ зæрдæйы низтæм æмхицтæ æмæ рынчынтæ. Медицинон æркасты фæстæ рынчыны арвитынц уæлæмхасæн иртæстытæм æмæ йын снысан кæнынц дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. Дохтырты хъуыдымæ гæсгæ, низ рагацау рабæрæг кæнын у тынг ахсджиаг. Афойнадыл диспансеризацийы фæрцы та хи бахизæн ис цыфæнды низæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania