филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:03 четверг, 02 мая 2024
13 сентября 2022, 10:11
Рахизфарсы районы цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ

Уазæлттæм цæттæ кæнынц Алагиры районы дæр

Рахизфарсы районы цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ. Ивынц хæтæлтæ, хæстæгдæр бонты Беслæны 3-æм скъолайы скусдзæн гыццыл хъармгæнæн. Уазæлттæм цæттæ кæнынц Алагиры районы дæр. Ам дæр системæ рацарæзтой ног хуызы. Цæгат Ирыстон хъармгæнæн сезонмæ куыд цæттæ у, æмæ ма дзы цы куыстытæ баззад, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Бесланы квартæлы хъармгæнæны ма цалцæджы фæстæ хъуысы ахорæнты тæф. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Рахизфарсы районы хъармгæнæн афонмæ ам цæттæ сты.  Кусæнгæрзтæ цалцæггонд æрцыдысты, баивтой хъармдæдтæн трассæйы хæтæлтæ. Рæхджы хъуамæ райсой цæттæцинады паспорт. Фæсарæйнаг кусæн хæйттæй чи нал бæззыд, уыдоны баивыны фарста дæр лыггонд æрцыд.

Сентябры хъуамæ æркуса ног хъармгæнæн  Беслæны æртæ скъолайæн.  Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй адон къаддæр кæй сафынц хъарм, уымæй сæ фылдæл фæстауæрдзгæнæн ис. Алагиры чысыл –хъармгæнæнтæ æвæрд æрцыдысты дыууæ азы размæ.

Ныр Алагиры районы хъармгæнæнты хæтæлтæ сыгъдæг кæнынц.  Цыппары дзы цæуынц конд техникон куыстытæ, дыууæйы та капиталон æгъдауæй цалцæг кæнынц хъармгæнæн агтæ. Æппæт куыстытæ конд фæуыдзысты къуыримæ.

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады , артаг æмæ энергетикæйы министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, коммуналон хæдзарады объекте зымæгмæ сты цæттæ. уæлдай æргом здæхт цæуы социалон куыстуæттæм.

Нысангонд куыд афтæмй, 15 сентябрмæ хъуамæ æппæт хæдзарæдтæ дæр бацæттæ кæной зымæгмæ цæттæдзинады акте.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania