филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
29 июля 2020, 13:07
Райдиан кълæсты ахуырдзаутæ хъуамæ ифтонг уой тæвд хæринагæй

Уыцы фарстайыл та абон кусынц æмæ архайынц Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы сæйраг специалисттæ дæр

Кæстæртыл аудгæйæ. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæ хъуамæ ифтонг уой тæвд хæринагæй. Уыимæ хъуамæ уа хæрзад æмæ æнæниздзинадæн пайда. Уый у Владимир Путины ныстуаны сæйраг фарстатæй иу. Уыцы фарстайыл  та абон кусынц æмæ архайынц  Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы сæйраг специалисттæ дæр.

Тæвд хуыппаг æма кас – уымæй уæлдай ма цы хъæуы ахуырдзауы?! Ахæм сидтимæ абон цæуы куыст скъолаты хæрæндæтты. Уæрæсейы президенты уынаффæ, цæмæй скъолаты ахуырдзаутæ тæвд хæринагæй хъуаг ма æййафой, Цæгат Ирыстоны дæр архайынц бæрнонæй сæххæст кæныныл. Дзæуджыхъæуы 16-æм скъолайы директор Еленæ Иванова  куыд зæгъта, афтæмæй, ацы ног мадзалыл цин кæнынц æрмæст ахуырдзаутæ нæ, фæлæ ма ахуыргæнджытæ дæр. Уый та уымæн, æмæ бонæн йæ фылдæр хай дыууæтæ дæр скъолайы æрвитынц.

Къорд азы размæ дæр ма тæвд хуыппаг æрмæст дæр уыд нымад сывæллæтæн. Абон  та  хæрæндоны хъуамæ  хæринагæй цух ма уой се ппæт кæстæр кълæстæ дæр. Цæмæй  уыцы  хæс  æххæстгонд  æрцæуа, ууыл та тынг архайынц нæ республикæйы хицауад. 

Дзæуджыхъæуы 7-æм астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуырдзауты нымæц хæццæ кæны 700 адæймагмæ. Скъолайы хæрæндæттрæ цæттæ сты ахæм нымæцтæм.

Къорнаты Татьянæ куыд зæзъы, афтæмæй ацы хъуыдтаг тынг ахъазаг у, уымæн æмæ æххормаг ахуырдзауæй ницы пайда ис.

Республикæйы хицауадæй уæлдай ма ацы фарстамæ се ргом здахы ахуырады æмæ наукæйы министрад дæр.

Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы скъолаты райдайæн кълæсты ахуырдзауты нымæц хæццæ кæны цыппор минмæ ввахс. Се ппæт скъолаты дæр хæрæндæттæ цы цæттæ кæндзысты, уыцы хæринаг æрмæст хæрзад хъуамæ ма уа, фæлæ ма пайдайаг дæр сывæллæтæн. Уыцы фарстайыл  та абон кусынц æмæ архайынц  Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы сæйраг специалисттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania