филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:36 четверг, 26 марта 2026
26 марта 2026, 10:51
Райдыдта конкурс «Поклонимся матери солдата»-мæ курдиæттæ исыны рæстæг

Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ  кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын

Райдыдта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст æмдзæвгæты конкурс «Поклонимся матери солдата»-мæ курдиæттæ исыны рæстæг. Мадзал арæзт цæуы 9-æм хатт. Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ  кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын. Ацы аз дзы съоладзауты бон у бацархайæн æртæ номинацийы: хи фыст æмдзæвгæтæ мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, æмдзæвгæ аив бакæсын, Колыты Виталийы фыст æмдзæвгæтæ аив бакæсын. Куыстытæ 25-æм апрелы онг  æрбарвитæн ис сæрмагонд электрон адрис ket.poesy@mail.ru.-мæ. æппæт æрмæджытæ дæр мыхуыргонд цæудзысты телеграм канал Арфæгонд хабæртты. Финалисттæ хуынд æрцæудзысты 5-æм майы Хæзныдоны Фыдыбæстæйы Стыр Уæлахизы кадæн мадзæлмæ. Арæзт æрцæуы, «Салдаты мады» цыртдзæвæны цур. æвæрд æрцыд 9 азы размæ Хæзныдоны  фæрнджын адæймаг, Хъамболты Мараты  фæрцы. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ финæлистты куыстытæй конд кæй æрцæудзæн сæрмагонд  чиныг. Мадзалы рæстæг ма арæзт æрцæуы футболон турнир «СОЗО». Ацы аз уыдзæн футболы ветеранты хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania