Абон дзы цæры Ирыстонæй рацæугæ 40 мин адæймаджы онг
Райгуырæн зæххæй дард уæвгæйæ, бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ культурæ. Ацы хъуыддаг æнтыстджынæй æфты Турчы цæрæг ирæтты къухы. Абон дзы цæры Ирыстонæй рацæугæ 40 мин адæймаджы онг. Диаспорæйы аразынц алыхуызон мадзæлттæ ирон æвзаг парахат кæнынæн. Фæлæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстайыл сæйрагдæр хъуамæ куыст цæуа бинонты *хсæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы видео 2014-æм азы ист у. Уæд республикæйæ стыр делегаци абалц кодта Стамбулмæ фестиваль «Ирыстоны культурæйы бонтæ» æххæстгæнгæйæ. Хъуысаты Садреттин æхсызгонæй æвдисы, æхсæнад «Алан» цы бæстыхайы æрбынат кодта, уый. Ам алы лыстæг хъуыддаг дæр баст у райгуырæн зæххимæ. 11 азмæ бирæ цыдæртæ аивта, æнæивгæ у Турчы цæрæг ирæтты тырнындзинад мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ æмæ йæ парахат кæнынмæ.
19-æм æнусы мингай ирæттæ Цæгат Ирыстонæй аивтой Туркмæ. Абон дзы цæры Ирыстонæй рацæугæ 40 мин адæймаджы онг. Раздæр фылдæр цардысты хъæуты, фæлæ 40 азы размæ ивын райдыдтой стыр горæттæм. Уыцы рæстæг арæзт æрцыд æхсæнад «Алан» дæр. Йæ минæвæрттæ бæстонæй архайынц. Аразынц ахуыртæ, равдыстытæ, мыггаджы бонтæ, фестивальтæ, уадзынц чингуытæ.
Æрмæст Турчы нæ архайынц мадæлон æвзаг хъахъхъæныныл. Æнгом æмгуыстад кæнынц республикæимæ алы къабæзтæм гæсгæ. Æдзух бабæрæг кæнынц сæ историон райгуырæн зæхх, фæархайынц ирон æвзаг æмæ культурæимæ баст мадзæлтты.
Хъуысаты Садреттин, Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг: «Тынг архайын хъæуы. Æфсонтæ агурын нæ хъæуы, мæнæ телеуынынады бирæ программæтæ нæй, зæгъгæ, скъолаты нæй, газетты нæй… Куы уа, уæд хорз, фæлæ кæд нæй, уæд бинонты астæу куы дзурæм, уæд уый фаг у, уымæн æмæ мах мадæлон æвзагыл нæ хæдзæртты сахуыр стæм. Нæ хистæртæ махимæ мадæлон æвзагыл дзырдтой. Ныр та бинонтæ кæрæдзиимæ уырыссагау дзурынц, æмæ уæд фæсивæд куыд базоной. Æвзаг куы фесæфа, уæд йемæ æгъдау дæр фесæфдзæн, культурæ дæр фесæфдзæн. Афтæ дæр зæгъынц, цы фесæфтай, уый кæм фесæфтай, уым агур. Æмæ мах æвзаг бинонты *хсæн фесæфтам, æмæ бинонты *хсæн фæстæмæ дзурынмæ куы бавналæм, уæд хъуыддаг сраст кæныны амал уыдзæн. Мæнмæ гæсгæ, раздæр уырдыгæй бавналын хъæуы. Мæнмæ гæсгæ, абоны бон Ирыстонæн æвзагæй тынгдæр тыхсинаг фарста нæй, æвзагæй фылдæр архаинаг хъуыддаг нæй. Зæрдиаг саламтæ уын зæгъын. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд. Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын ут».
Ууыл ахуыр кæнынц кæстæр фæлтæры дæр. Æмæ ацы хъуыддаг хæццæ кæндзысты дарддæр. Уымæн æмæ æрмæст иумæйаг хъарутæй бантысдзæн бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг.




