филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:52 воскресенье, 29 сентября 2024
08 февраля 2022, 12:40
Районы газет «Рахизфарсы цард»-ы фыццаг номыр рухс федта 1933-æм азы февралы

Уыцы мгъуыдмæ куыста æнæ рлæугæйæ, æмæ бирæ хæттыты хуыздæр сси алыхуызон профессионалон конкурсты

89 азы мыхуыры. Районы газет «Рахизфарсы цард»-ы фыццаг номыр рухс федта 1933-æм азы февралы. Уыцы мгъуыдмæ куыста æнæ рлæугæйæ, æмæ бирæ хæттыты хуыздæр сси алыхуызон профессионалон конкурсты. Редакцийы кусджытæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц аив дзырдыл кусын, æмæ газеткæсджытæн лæггад кæнын. Куыд сын æнтысы, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Газет «Рахизфарсы цард» Къониаты Хазбийæн у йе рвылбоны хи ирхæфсæн фæрæз. Йе `руаджы базоны республикæйы æмæ районы фæстаг хабæрттæ. Районы газеты фæрстыл Хазби арæх бакæсы зонгæ адæмы тыххæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын уый уæлдай æхсызгон вæййы. Фæнды йæ, цæмæй йæ цоты цот дæр пайдайаг газетыл фæцахуыр уой.

Къониаты Хазби, газет «Рахизфарсы цард» кæсæг: «Газетимæ зонгæ куы дæн, уæдæй нырмæ йæ зонын, газет «Рахизфарсы цард» хуыздæр газетыл нымад кæй у, уый. Уымæн æмæ дзы кусы хорз коллектив, хорз журналисттæ, хорз сæйраг редактортæ. Мæхæдæг дæр куыстон администрацийы, æмæ фылдæр цæстæнгас дардтон газеты рауагъдадмæ. Фылдæр æй кæсынц хистæр кары адæм. Къаддæр телефонтæм чи кæсы, æмæ къаддæр интернетты чи  бады, уыдон. Фæлæ цæмæй кæстæртæ дæр уыцы хъуыддагмæ здæхт уой, уый тыххæй уыдоныл дæр хъуыды кæнын хъæуы. Кæцыдæр æрмæджытæ та уыдоны тыххæй аразын хъæуы.

Газет «Рахизфарсы цард» рухс  федта 1933 азы. Уæдæй нырмæ кæд æддаг бакастæй ивддзинæдтæ баййæфта, уæддæр раздæрау кæсджыты зæрдæтæ æлхæны. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр йæ куыст не рлæууыд. Уæззау рæстæг газет адæмæн уыд æвдадзы хосау. Ныр дæр, кæд газеты аргъ гыццыл фæфылдæр, уæддæр æй кæсджытæ рафыссынц. Йæ тираж-4000 экземпляры.

Хъазиты Иринæ, газет «Рахизфарсы цард»-ы сæйраг редактор: «Газет «Рахиз фарсы цард» фыццаг хатт рухс федта февралы мæйы, 1933 азы,  Дзебойты Алексейы руыджы. Уыцы рæстæг хуындис «Хъазуатон», абон хуыйны «Рахиз фарсы цард». Æмæ,мæнмæ гæсгæ, редакци ууыл дæр кусы. Хуымæтæг газет кæсæг æй уæд куыд уарзта, ныр дæр æй афтæ уарзы. Пандемияйы рæстæг зын кусæн у, фæлæ дарддæр нæ куыст кæнæм».

Хъæуккаг чызг уæвгæйæ Сæлбиты Людмилæмæ-иу бирæ хъуыдытæ  уыд уацтæ ныффыссынмæ. Газет «Рахизфарсы цард»-ы кæсæг уæвгæйæ йæ уацтæ  иу иннæйы фæдыл мыхуыры куы рацыдысты, уæд хуынд æрцыд уацхæссæгæй кусынмæ. Ныр цалынмæ йе `мкусджытæ компьютерты фæмыхуыр кæнынц сæ хъуыдытæ, уæдмæ сæ Людмилæ сыгъдæг сыфыл афыссы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын бирæ æнцондæр у, кæд æмæ нырыккон технологиты рæстæг ралæууыд, уæддæр.

Газеты мыхуыр кæнынц канд фæстаг хабæрттæ нæ, фæлæ ма сæ кæсджыты сфæлдыстад дæр. Ардасенты Алыксандр у газеты сæйраг архайджытæй иу. Арæх мыхуыры цæуынц йе `мдзæвгæтæ æмæ нывтæ.

Ардасенты Алыксандр, газет «Рахизфарсы цард»-ы активон архайæг: «Ардæм æрцæуын. Тынг зæрдиагæй мыл бацин кæнынц. Аудынц мыл, æмæ мын уый у æхсызгон уыцы аудындзинад. Куы рбацæуын, уæм мæм тынг зæрдиаг цæстæй ракæсынц. Мæ æрмæджытæ мыхуыры цæуынц, æмæ мын тынг æхсызгон вæййы. Æрæгмæ мын куы фæцæуынц, уæд тыхсын райдайын».

Сугъараты Кристинæ, газет «Рахизфарсы цард»- ы къамисæг: «Газет къамæй фидауы. Уыцы куыст мæнмæ хауы. Æмæ мæ куыст тынг зæрдиагæй кæнын».

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania