11 июня 2014, 11:21
Райсом нæ бæстæйы бæрæг кæндзысты Уæрæсейы бон. Уый фæдыл нæ республикæйы цæрджытæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз
Йæ арфæйы загъд ис: «Ацы бон у æцæг паддзахадон бæрæгбон – нæ историйы ног дуджы символ. Иу кæны бирæ адæмыхæттытæ. Æмæ иууылдæр иумæ тырнæм фидар, хæдбар æмæ хуыздæр бæстæ саразынмæ.

Йæ арфæйы загъд ис: «Ацы бон у æцæг паддзахадон бæрæгбон – нæ историйы ног дуджы символ. Иу кæны бирæ адæмыхæттытæ. Æмæ иууылдæр иумæ тырнæм фидар, хæдбар æмæ хуыздæр бæстæ саразынмæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ дæр уыцы хъуыддагмæ хæссынц се вæрæн. Мах сæрыстыр стæм нæ зындгонд адæмæй. Сгуыхтдзинæдтæ равдыстой наукæйы, культурæйы, хъæууон хæдзарады, ахуырады, спорты, сфæлдыстады æмæ æхсæнадон царды. Зæрдæ дарæн ис, нæ республикæйы цæрджыты ног фæлтæртæ дæр кæй архайдзысты сæ райгуырæн бæстæйы хорздзинадыл».

темæмæ гæсгæ