филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:10 воскресенье, 05 мая 2024
19 июня 2019, 12:00
Райсом райдайдзæн Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ кандидатурæты курдиæттæ бадæттыны æмгъуыд

Дыгуры, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты муниципалон сконды архайджытæ дæр сæ документтæ бадæтдзысты ацы бонты.

Райсом райдайдзæн Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ кандидатурæты курдиæттæ бадæттыны æмгъуыд. Дыгуры, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты муниципалон сконды архайджытæ дæр сæ документтæ бадæтдзысты ацы бонты. Æвзæрстытæ ацæудзысты хъæлæс кæныны иумæйаг бон – 8-æм сентябры. Республикæйы 4 районы байгом кæндзысты 144 æвзарæн хайады, рæстæгмæ чи уыдзæн, уыдон та кусдзысты дзæбæхгæнæн куыстуæтты. Хъæлæс цы территориты кæндзысты, уым цæры æмæ регистрацигонд у æвзарджыты 60 %. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Æмбырд баст уыди æвзæрстыты бонимæ, æрныхас дзы кодтой рагагъоммæйы цæттæдзинадыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы къамисæй дæр интернетмæ уыдзæни комкоммæ трансляци. Æвзарæн хæйæдты та видеокамерæтæ фысдзысты хъæлæс кæныны процесс. Алы ран дæр хъæлæстæ нымайдзысты сæрмагонд электрон системæтæ – æвзарæн бюллетеньтæ нымайæн комплекстæ. Уыдоны фæрцы дзы закъонхæлдтытæ не рцæудзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania