07 марта 2018, 18:32
Райсом уыдзæн сылгоймæгты æппæтадæмон бон
8-æм мартъийы мадæлтæн, хотæн, æмкусджытæн, уарзон сылгоймæгтæн сæ зæрдæтæ барухс кæнынц алыхуызон лæвæрттæй.
Райсом уыдзæн сылгоймæгты æппæтадæмон бон. 8-æм мартъийы мадæлтæн, хотæн, æмкусджытæн, уарзон сылгоймæгтæн сæ зæрдæтæ барухс кæнынц алыхуызон лæвæрттæй. Фæлæ бæрæгбоны сæйрагдæр символ сты дидинджытæ. Алы сылгоймагæн дæр ис йæхи уарзон хуыз. Уæвгæ, абон дуканиты ссарæн ис цавæрфæнды дидинæг дæр. Бæрæгбоны агъоммæ салонтæ бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ нæ хоны дидинджыты дунемæ.
Уардиты 10 букеты æмкусджытæн. Мидхъуыддæгты министрады минæвар Евгений Билык салонмæ æрбацыд сæрмагонд нысанимæ. Бахæс ын кодтой, балхæнын дидинджытæ, цæмæй 8-æм мартъийы агъоммæ сылгоймæгтæн раарфæ кæной. Райсом та Евгений ногæй æрбацæудзæн ардæм, цæмæй букеттæ балхæна йæ хæстæджытæн.
Уалдзæджы райдиан дидинджыты салонты вæййы æппæтæй фылдæр æлхæнджытæ. Сылгоймæйгты бæрæгбоны сæйраг символ – тюльпантæ. Сырхытæ, буртæ, урсытæ. Æмбырд сæ кæнынц алыхуызон композицитæ. Адæм агурынц æндæр дидинджыты хуызтæ дæр. Абон дуканиты ис парахат ассортимент – хуымæтæг дидинджытæй экзотикон хуызты онг.
Дидинджытæ рæсугъд батухын дæр у хицæн аивад. Букет саив кæнын ис алы хуызты. Ис æй бабæттын æрмæстдæр лентæй. Бирæтæ сæ уарзынц батухын хъуымацæй кæнæ гæххæттæй. Ныртæккæ парахат сты дидинджытæ хъуырауты кæнæ хъæдын къоппыты.
8-æм мартъийы фæлхасгæнджытæ фæагурынц фыццаг уалдзыгон дидиднджытæ дæр. Уыдоны фæрцы бæрæгбоны сæвзæры сæрмагонд зæрдæйы ахаст. Балхæнын сæ ис æрмæст салонты нæ, фæлæ уынгты дæр.
Фæлæ уæддæр дидинджыты дунейы классикæйыл нымад у уарди. Ацы хъæрмуатты зайын кæнынц йæ 22 хуызы. Цæмæй фæлхасгæнджытæм куыд æмбæлы, афтæ бахæццæ уой, уый тыххæй сын аразынц сæрмагонд уавæртæ – бæлвырд уымæлад, температурæ æмæ рухс.
Уалдзæджы дидинджытæй саив кæндзысты Дзæуджыхъæуы уынгтæ. Ацы аз сæ горæты администраци фæнд кæны фылдæр фæзуатыл ныссадзын – 21 квадратон метры. Куыстытæ райдайдзысты апрелы астæу.
Алы сылгоймагæн дæр ис дидинæджы йæхи уарзон хуыз. Фæлæ абон дуканиты цы парахат гæнæнтæ ис, уымæ гæсгæ уырны, бæрæгбоны иу сылгоймаг дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззайдзæн.
темæмæ гæсгæ




