филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:16 вторник, 16 декабря 2025
11 марта 2014, 11:12
Райсомы хæрдæн ныртæккæ скъоладзауты фидын хъæуы æхца. Нырмæ та райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ хъарм хæринаг истой лæвар

Райсомы хæрдæн ныртæккæ скъоладзауты фидын хъæуы æхца. Нырмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ хъарм хæринаг истой лæвар. Фæлæ ныр уавæр аивта.

Райсомы хæрдæн ныртæккæ скъоладзауты фидын хъæуы æхца. Нырмæ та райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ хъарм хæринаг истой лæвар
Райсомы хæрдæн ныртæккæ скъоладзауты фидын хъæуы æхца. Нырмæ Дзæуджыхъæуы скъолаты райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ хъарм хæринаг истой лæвар. Фæлæ ныр уавæр аивта. Бынæттон администрациты, ахуырады æмæ наукæйы министрады бюджетты ацы хъуыддагæн æхца нал ис.

Скъолайы хæрæндоны кусджытæ тынг хæрзад хæринаг кæнынц. Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы 2-æм къласы ахуырдзау Тезиаты Аленæ куыд зæгъы, афтæмæй се ппæт скъоладзаутæн дæр сæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ ныр хæринагæн фидынц сывæллæтты ныййарджытæ сæхæдæг. Райсомы хæрды аргъ у 20 сомы, сихоры та – 60 сомы иу скъоладзауæн. Ахуырады закъонмæ гæсгæ, республикæйы скъолатæ тæвд хæринагæй хъуамæ æххæст кæной бынæттон хицауады оргæнтæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы нын уавæр сбæлвырд кæныны тыххæй дзуапп нæ радтой. Фарон сывæллæтты райсомы хæрдæй æххæст кæнынмæ бынæттон администрацитæн æххуыс кодта ахуырады æмæ наукæйы министрад.

Тотраты Владислав, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг: «Фарон махæн нæ бон уыдис æмæ сын уæлæмхасæн æххуысы хуызон радих кодтьам 130 милуанæй фылдæр, уыцы фарстатæн. Ацы аз нæ бон уый бæрц нæу æмæ ныртæккæ архайæм ууыл, цæмæй æрнымайæм æмæ нæ республикæйы хицауадимæ афтæ баныхас кодтам, æмæ кæд нæ бон суа, уæд ма сын уæлæмхасæны хуызон мæгуыр бинонтæй чи у, рынчын сывæллæтæн радих кæндзыстæм».

Уавæр хорзырдæм аивыныл æмæ республикæйы скъолаты райдайæн кълæсты ахуырдзауты тæвд хæринагæй æххæст кæныныл ныртæккæ архайы республикæйы хицауад дæр.

Такъоты Сергей, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар: «Мах сбæрæг кодтам æнæзакъон цаутæ. Мæнмæ гæстæ, хъуыддаг фыццаджыдæр у бынæттон хицауады оргæнтæй аразгæ. Зæгъæм, кæд Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты хъуыддаг æнæ къуылымпытæй арæзт цæуы, уæд иннæ районты ис цавæрдæр проблемæтæ. Бæрæггонд æрцыд, æмæ хойрæгтæ асламæй æлхæнынц, документтæм гæсгæ та сæ аргъ у цалдæр хатты зынаргъдæр. Уыцы цаутæ мах бæрæг кæндзыстæм».

2013-æм азы сывæллæтты тæвд хæринагæй æххæст кæныны республикон программæйæн республикæйы бюджетæй дихгонд æрцыд 130 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ схардз кодтой, цæмæй тæвд хæринаг исой республикæйы 213 скъолайы ахуырдзаутæ. Ныртæккæ лæвар райсомы хæрд исынц æрмæст, социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи нæу, уыцы бинонты сывæллæттæ. Алы мæй дæр ныййарджытæ исдзысты иу сывæллоннæн 400 сомы. Æхца фиддзæн фæллойы æмæ социалон рæзты министрад.

Гаситы Жаннæ, РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг: «Районты, социалон хъахъхъæнынады управлениты ис уыцы бинонты номхыгъд. Махæй исынц сывæлæтты пособитæ дæр. Уымæ гæсгæ нын ацы хъуыддаг аразгæйæ къуылымпыдзинæдтæ нæ уыдзæн. Ныййарджыты хъæуы, кæм цæрынц, уым нæ управленитæм бацæуын æмæ курдиат бадæттын. Ныртæккæ ацы куыст ис йæ тæмæны. Ныййарджытæ нæм дæттынц сæ гæххæттытæ. Нырма уал нæм ис 3 мин скъоладзауы документтæ».

Ныййарджыты хъæуы курдиат бадæттын, сæ паспорт, стæй сывæллон кæм ахуыр кæны, уыцы скъолайæ сæрмагонд гæххæтт. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад æхца фидын райдайдзæн мартъийы кæрон.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania