30 января 2013, 11:07
Райстой ног фатертæ
Ахæм амондджын азы райдиан рауад Мæзæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары раздæры хъомылгæнинæгтæй цыппарæн.
Ахæм амондджын азы райдиан рауад Мæзæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары раздæры хъомылгæнинæгтæй цыппарæн. Ацы хорз хъуыддаг сарæзтой, нæ республикæйы сидзæр сывæллæттæн æххуыс кæныны паддзахадон программæ куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд кæй цæуы, уый фæрцы. Бирæтæ ныридæгæн бакодтой бинонты хъуыддаг. Уымæ гæсгæ сын уæлдай æхсызгондæр уыд, сæхи хæдзæртты æрцæрын. Мæздæджы администрацийы сæргълæууæг Сергей Джанжаков сын ног фатерты дæгъæлтæ радта йæхæдæг æмæ ма сын балæвар кодта цайцымæнтæ дæр. Хæрзæрæджы ма ног хæдзæртты хицæуттæ систы Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары раздæры 5 хъомылгæнинаджы.
темæмæ гæсгæ




