Æнтæф рæстæг адæймаг йæхи кæм æруазал кæна, ахæм бынæттæ æдæппæтæй сты 4
Ралæууыдысты сæрдыгон тæвд бонтæ æмæ Дзæуджыхъæуы байгом найæн сезон. Æнтæф рæстæг адæймаг йæхи кæм æруазал кæна, ахæм бынæттæ æдæппæтæй сты 4. Уыдонæй доны станцæ – адæмы уарзондæр. Ахсджиаг фарст у фæлладуадзджыты æдасдзинад. Доны объектты рад хæссынц ирвæзынгæнджытæ. Горæты фæллад уадзæн ис æрмæст доны объектты нæ, фæлæ паркты, скверты æмæ фæзты. Цæмæй адæм сæхи фæлладуадзæн бынæтты æдасæй æнкъарой, уый тыххæй сæххæст кодтой æдасдзинады мадзæлттæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.
Сæрд куыддæр йæ барты бацыд, афтæ Дзæуджыхъæу хур æрæндæвта. Йæ тынтæй йын адæмæй иутæ сæ хæдзæртты æмбæхсынц, кондиционерты фæрцы агъуыстыты уазал уæлдæф аразгæйæ. Иннæтæ та фæтагъд кæнынц найæн бынæттæм.
Найæн кæм ис, ахæм бынæттæ Дзæуджыхъæуы сты 4. Æппæты уарзондæр – доны стацæ. Специалисттæ йæ рагацау райдыдтой цæттæ кæнын. Цæмæй йæ дон сыгъдæг уа, уый тыххæй банывыл кодтой дондзæуæн, Базылдысты йын йæ алфамблай территоримæ дæр.
Доны объектты ахсджиаг у фæлладуадзджыты æдасдзинад. Уый сæйраг домæнтæ сывæллæттæн æмæ хистæр кары адæмæн сæ зæрдыл лæууынц кæнынц ирвæзынгæнджытæ æмæ информацион нысантæ. Ирвæзынгæнджытæ алы бон дæр кусынц фыдбылыз ма руадзыныл.
Фæлладуадзынæн адæмæй иутæ равзарынц парктæ æмæ сквертæ. Ахæм бынæттæ дæр горæты чысыл не сты. Куыст цæуы сæ сыгъдæгдзинадыл æмæ аивдзинадыл.
Специалисттæ бæрнонæй *ххæст кæнынц, фæлладуадзæн бынæтты рацарæзты рæстæг сæ размæ цы хæстæ сæвæрынц, уыдон. Цæмæй Дзæуджыхъæу адæмæй алкæмæндæр: æппæты кæстæр цæрæгæй райдай æмæ республикæйы уазджытæй фæуы, суа æндæр горæтимæ абарæн кæмæн нæй, ахæм уарзон фæлладуадзæн бынат.




