филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:42 суббота, 04 мая 2024
11 августа 2014, 12:15
Рамоновойы æвæрынц канализацион хæтæлтæ

Ацы хъуыддаг поселочы цæрджытæн ахсджиаг у. Канализацион системæ дзы нæ уыд, хъæу куы равзæрд, уæдæй фæстæмæ. Ацы фарста алыг кæнын йæхимæ райста Габолаты Родион,

73674
Ацы хъуыддаг поселочы цæрджытæн ахсджиаг у. Канализацион системæ дзы нæ уыд, хъæу куы равзæрд, уæдæй фæстæмæ. Ацы фарста алыг кæнын йæхимæ райста Габолаты Родион, Рамоновы сæргълæууæгæй йæ куы равзæрстой, уæд. Ныр 2 азы архайы, хъæуы цард фæхуыздæр кæныныл.

Ам уыдзæн ваннæ. Фундамент цæттæ у. ай нæ ваннæйы агъуыст уыдзæн ныр.

Бæройты Нинæ ацы цаумæ æнхъæлмæ каст бирæ азты. Рамоновойы цæры 1957-æм азæй фæстæмæ. Поселочы канализаци кæй нæ уыд, уый тыххæй бинонтæн сæ бон нæ уыд найæн уат саразын. Ахæм æвадат уавæрæй хъæуы цæрджытæ стыхстысты, зæгъы сылгоймаг.

Бæройты-Бибуаты Нинæ: «Тыхстысты адæм. Уый тыхст у. Дон стæвд кæн, æмæ йæ рахæс, уынджы дæхи цынай. Лæппутæн-иу тæригъæд кодтон. Дæхи цынай, æмæ уый фæстæ ведра уæртæ уырдæм хæс, тæф-иу кодта, афтæ».

Канализаци Рамоновойы нæ уыд, хъæуæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ. 84-æм азы Ленины уынгыл ауагътой сæйраг канализацийы хæтæлтæ. Фæлæ сæ хæдзæрттæм нæ баиу кодтой. Æдæппæтæй поселочы ис 5 уынджы – дыууæсæдæ хæдзарæй фылдæр.

 Фарон цæрджытæ æхца æрæмбырд кодтой, æмæ сæхæдæг райдыдтой канализацион хæтæлтæ æвæрын. Ацы аз уыцы куыст хæццæ кæнынц дарддæр.

Габолаты Родион, Рамоновойы администрацийы сæргълæууæг: «Техникæйæ нæм фæкастысты нæ сыхаг куыстуæттæ. Фæкæсынц нæм зæрдиагæй. Æппæт куыстытæ та кæнæм нæхæдæг цæрджытæ. Чидæриддæр æмбары, уыцы фадæттæ нæй, уыдон иууылдæр мæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ уыцы куыстытæ кæнæм».

Хъæуы цæрджытæм фæкастысты Алагиры районы администрацийы дæр. 250 метры бæрц хæтæлтæ сæвæрынæн бюджетæй радих кодтой 200 мин сомы.

Токаты Олег, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Районæй радтам æхца, куыстытæ та йæхæдæг кæны. Йæ размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдон æххæст кæны. Æнцон кусæн у йемæ. Фæсивæдæн хорз хистæр у. Уалдзæджы район куы æфснæйдтам, уæд уый фыццаг загъта: «Æз бафснæйдтон мæ хъæу. Æнцон у ахæм адæмимæ кусын».

Рамоново у дæнцæгæн æрхæссинаг хъæу, зæгъынц районы администрацийы. Габолаты Родион йæ сæргъы куы æрлæууыд, уæд дзы цард хуыздæрырдæм ивын райдыдта. 2 азы размæ йæм бауагъта доны уæлæмхасæн хæтæлтæ. Афтæмæй дон кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста лыггонд æрцыд. Ныр та йæ размæ æвæры ноджыдæр ма иу ахсджиаг хъуыддаг. Баст у фæсивæдæн спортæй архайыны фадæттæ саразынимæ.

«Рамоновойы 60 лæппуйæ фылдæр профессионалон æгъдауæй архайынц спортæй. Фæлæ уымæн ам æмбæлгæ фадæттæ нæй. Иутæ тренировкæ кæнынц сæ хæдзæртты, иннæтæ – фæцæуынц Алагирмæ. Хъæуы хицау районы админситрацимæ курдиат балæвæрдта, цæмæй баххуыс кæной спортивон зал саразыны хъуыддаджы. Ныртæккæ уым архайынц фарста алыг кæныныл».

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania