филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:27 суббота, 31 января 2026
18 января 2023, 11:33
Рацарæзты фæстæ байгом Гæлиаты хъæумæ бацæуæн фæндаг

Йæ дæргъ у дыууын дыууæ километры æмæ дзы ис фондз хиды

Рацарæзты фæстæ байгом Гæлиаты хъæумæ бацæуæн фæндаг. Йæ дæргъ у дыууын дыууæ километры æмæ дзы ис фондз хиды. Гæлиатмæ бацæуæн фæндаджы арæзтады спайда кодтой сæрмагонд æмбæрзтæй, æмæ уый бæззы хæххон фæндæгтæн. Дыгургомы тагъд рæстæг сараздзысты бæндæнæй фæндаг æмæ хæххон туристон хъæу. Уымæй уæлдай дзы Æрæфы районы амалхъом адæм æххæст кæндзысты инвестицион проекттæ. Уыдоны фæрцы зынгæ сырæздзæн туристты бæрц æмæ уый тыххæй ног фæндагæн æнæаразгæ нæ уыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania