филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
03 декабря 2020, 13:37
Рацыд журнал «Ирæф»-ы ацы азы фæcтаг номыр

Номеры ис цымыдисаг 9 рубрикæйы

Иу номер иннæмæй диссагдæр. Кæд ацы аз, пандемиямæ гæсгæ, куысты уавæртæ бынтон зæрдæмæдзæугæ не сты, уæддæр республикон литературон-аивадон æмæ æхсæнадон -политикон журнал «Ирæф»-ы коллектив бацархайдта – алы номеры рацыдыл дæр. Йæ рафыссæджы нæ фæсайдтой, æмæ сыл æппæт цыппар номыры дæр сæмбалдысты хæрзхъæд æрмæгæй. Рацыди ацы азы фæстаг номер.

Зæрдиаг хабæрттæ йæ кæсæгæн. Республикон литературон-аивадон журнал «Ирæф»-ы коллектив та лæмбынæг бакуыста йæ радон номерыл. Азы фæстаг, цыппæрæм номер хъæздыг у йæ мидисæй.

Николай Ивановы хуызæн хъуыдытæй хъæздыг æрмæг цы журналы уа, уымæн æнæцымыдис уæвæн нæй. Уый дæр ног æргъуды у журналæн. Кæд ныртæккæ фысджыты нымæц къаддæр кæны, уæддæр «Ирæф»ы коллектив архайы, цæмæй йæ æрмæджыты бæрц æмæ хæрзхъæддзинадыл уый ма фæбæрæг уа.

Номеры ис цымыдисаг 9 рубрикæйы. Алкæцыйæ дæр дзы райсæн ис зонындзинæдтæ, царды алы къабæзтæй. Пайдайаг сты алы кары адæмы зондахастæн. Уæвгæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы аз сæ цыппар номыры дæр зонындзинæдтæм рухс фæндаг аразджытæ кæй сты, уый.

Журналы номырты ацы аз стыр æргом здæхт цæуы Уæлахизы 75 азы юбилеймæ. Фæстаг номеры дæр ма ис иу æрмæг, нæ абоны райдзаст цардмæ æвæрæн чи бахаста, уындоны мысинæгтимæ. Ныммыхуыр дзы кодтой Хъазбегты Хъазыбеджы роман «Стъалытæ нæ бамынæг сты»-йы кæроны къухфыстытæ.

Уæвгæ журнал æртын азмæ æхсæнады йæ бынат ссардта. Йæ уарзон кæсджытæ дæдтынц ныфс дарддæр къахдзæфтæ кæнынмæ.

Зæгъæн ис, журнал чи рафыссы, уый йæ миддуйнейæн лæвар кæй скæны. Йæ юбилейон азы цы цымыдисаг æрмæджытæ мыхуыр кæны, уыдон та æлы бинонтæн дæр уыдзысты пайдайаг. Стæй ма иу хъуыддаг – ныр журнал «Ирæф» – балхæнæн ис чингуыты дуканиты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania