филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:41 суббота, 07 февраля 2026
07 февраля 2026, 10:18
Равдыст-форум «Уникалон Уæрæсе»-йы Мæскуыйы раргом кодтой Цæгат Ирыстоны æрмдæсныты историон реконструкциты коллекци

Коллекци саразыныл бакуыстой историктæ, археологтæ, этнографтæ, нымæтæй кусæг æрмдæснытæ, стæй нывæфтыдтæ алы техникæты чи аразы, ахæм 30 специалисты

Равдыст-форум «Уникалон Уæрæсе»-йы Мæскуыйы раргом кодтой Цæгат Ирыстоны æрмдæсныты историон реконструкциты коллекци «Скифты æмæ сæрмæтты рагзаманæй – аланты-ирæтты онг нымæт». Коллекци саразыныл бакуыстой историктæ, археологтæ, этнографтæ, нымæтæй кусæг æрмдæснытæ, стæй нывæфтыдтæ алы техникæты чи аразы, ахæм 30 специалисты. Уыдон сног кодтой, стæм чи у, ахæм 6 дзаумайы. Се хсæн гауызтæ, худтæ æмæ æндæр предметтæ. Артефакттæ рацаразыны тыххæй пайда кодтой оригиналон техникæтæй æмæ нывæфтыдтæй. Уыимæ пайда кодтой æрмæстдæр æрдзон æрмæгæй, къуымбилæй стæй францусаг æрдзон ахорæнтæй. Проекты автор у Бзарты Аланæ. Куыд радзырдта, афтæмæй дыууæ мины æмæ 500 азмæ, скифаг кæддаджы бæлвырд историон реконструкци скодтой æрмæст Ирыстоны. Равдыст бабæрæг кодта Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæварады делегаци. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ проект царды рауагътой грантты президентон фонды фæрæзтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania