Сæрдыгон рæстæг пайдаимæ æмæ æдасæй куыд арвитæн ис, уый тыххæй радзырдтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ
Разæй фæлладуадзæн æртæ мæйы, æмæ ууыл сывæллæттæ цин кæнынц. Сæрдыгон рæстæг пайдаимæ æмæ æдасæй куыд арвитæн ис, уый тыххæй радзырдтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Бабæрæг кодтой дзæбæхгæнæн лагерь «Звездочка». Ахæм профилактикон мадзæлттæ сты æнæмæнг хъæугæ. Уымæ гæсгæ рейдтæ арæзт цæудзысты рæстæгæй-рæстæгмæ, цæмæй кæстæртæн æмбарын кæной æдасдзинады мадзæлттæ. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Сæрдыгон каникултæ æдасæй куыд арвитæн ис? Доны хи дарыны уагæвæрды тыххæй, дзæбæхгæнæн лагерь «Звездочкæ»-йы сæ фæллад цы сывæллæттæ уадзынц, уыдонæн радзырдта æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусæг Куыдзиаты Тамерлан. Нæй найæн иунæгæй æмæ æнæзонгæ бынæтты, уазал доны, зонын æххуыс кæнын, чи ныгъуыла, уыдонæн – бæрнон кусæг бæстонæй æмбарын кодта æдасдзинады домæнтæ.
Ирвæзынгæнæн фæрæзтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый тыххæй сывæллæттæ фыццаг хатт базонгæ сты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сывæллæттæн æдасдзинады домæнтæ æмбарын кæнынц æдзухдæр. Кæстæртæ доны хи дарыны уагæвæрд куы зоной, уæд сын бахъæугæ рæстæг адæймаджы аирвæзын кæнын æнцон уыдзæн. Ивгъуыд аз республикæйы доны аныгъуылд иу сывæллон.
Зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады домæнты тыххæй лагеры спортивон фæлтæры дзюдоисттæн радзырдта æнæхъæлæджы уавæрты министрады кусæг Æфзургуыты Дзерассæ. Ахæм профилактикон мадзæлттæ сæрдыгон уæлдай ахсджиаг сты, зæгъынц специалисттæ.
Чырæ телефон электрон тыхы фæрæзтæм иугонд куы уа, уæд дзы пайдагæнæн нæй – уый зынгсирвæзты æдасдзинады хъуыддаджы у сæйраг уаг. Уымæй уæлдай, зынгсирвæзт ма *руадзыны тыххæй бастдзинады фæрæз нæй дарæн сынтæджы, æвæрæн базы бын. Специалисттæ сывæллæттæн равдыстой зынгхуыссæнгæнæны арæзт, радзырдтой сын, æнæнхъæлæджы цауы рæстæг ма цавæр фæрæзтæй пайда кæнын хъæуы, уыдæтты тыххæй.
Сывæллæттæн æдасдзинады уагæвæрд бамбарын кæныны тыххæй ахæм фембæлдтытæ æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ фæнд кæнынц арæхдæр аразын.
